Парламенты спикер æрдзырдта ДИФ-ты сæйраг проблемæтыл

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Петр
Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг журналистикæйы проблемæ аскъуыддзаг кæнын ХИПУ æмæ паддзахады тыхы нæй, нымайы Гасситы Петр

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты сæйраг проблемæ у бæрзондквалификациджын кадрты цухдзинад, фехъусын кодта Sputnik йæ интервьюйы парламенты спикер Гасситы Петр.

Йæ нæхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны университет æмæ паддзахады тыхы нæй хуссарирыстойнаг журналистикæйы проблемæтæ аиуварс кæнын.

"Хъуыддаг уый мидæг нæй, университет æрвыл аз дæр кæй уадзы дæсгай рауагъдонтæ журналистикæйы факультетæй. Æппæт зындгонд журналисттæ, кæцытимæ æз куыстон, сæрмагонд журналистон ахуырад нæ райстой. Æз нымайын, хорз журналист у чысыл нывгæнæджы хуызæн, ууыл сæрмагондæй нæ сахуыр кæндзæн. Уымæ гæсгæ, нæдæр парламент, нæдæр хицауад журналистикæйы проблемæ нæ аскъуыддзаг кæндзысты", — нымайы спикер.

Уый банысан кодта, Хуссар Иры кæй уыд "иттæг хорз журналисттæ, кæцытæ цадæггай ивгъуыйынц, нал фыссынц".

"Ивынц сæ 'ндæртæ, фæлæ уыдон фаг не 'сты. Парламенты информацион-аналитикон хайадмæ дыууæ мæйы æмгъуыд нæ бон ссарын нæу дыууæ кусæджы. Ныридæгæн нæм кусы хорз журналист-аналитик Уазæгты Юрий, мæн бахъæуы уый "байсын", йæхимæ йæ куыстмæ асайынмæ чи рхъавы, ахæмтæй", — загъта Гасситы Петр.

Уый ма ранымадта профессионалон аналитикты дæр, се ʻхсæн Харебаты Батардз, кæцы фæстаг рæстæджыты цъус фыссы, æмæ Коцты Ингæ, уый уацтæ та рагæй нал зынынц мыхуыры.

Ног хабӕртты лентӕ
0