Хуссар Иры президент раивта паддзахадон мыхуыры фæрæзты къухдариуæггæнджыты

© Sputnik / Ада БагианКуыд аразынц газет
Куыд аразынц газет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий бафыста указтæ паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзты къухдариуæггæнджыты снысан кæныны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста цалдæр барамынды паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзты къухдариуæггæнджыты снысан кæныны тыххæй, фехъусын кодтой президент æмæ хицауады пресс-службæйы.

Мария Котаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны информацийы комитеты сæргълæууæг ссис Sputnik уацхæссæг

Дыууæ паддзахадон газеты — "Южная Осетия" æмæ "Хурзæрин"-ы сæйраг редакторты бынатæй сæрибаргонд æрцыдысты Хъуылымбегты Роберт æмæ Цгъойты Арина. Ацы бынæттæм нысан æрцыдысты Чилæхсаты Александр æмæ Бязырты Роланд.

Телерадиокомпани "Ир"-ы сæргъ слæууыд Бибылты Анатолийы æмпартион – Чилæхсаты Георгий. Уый ацы бынаты раивта Зæгъойты Радайы, кæцы къухдариуæгад кодта ацы ведомствæйæн 2013 азæй фæстæмæ.

Абон ма президент ссæрибар кодта Джиоты Аллайы Информацион агентад "Рес"-ы сæйраг редакторы бынатæй. Ресурсы сæргъ слæууыд журналист Уазæгты Юрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0