Хуссар Ир фыццаг хатт хайад райсдзæн "Сыгъзæрин фæззæг – 2017"-ы

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæУæйгæнæг йæ продуктты цур
Уæйгæнæг йæ продуктты цур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг агросæудæджерадон равдыст "Сыгъзæрин фæззæг – 2017" цæудзæн Мæскуыйы 4-7 октябры

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады делегаци фыццаг хатт хайад райсдзæн XIX уæрæсейаг агросæудæджерадон равдыст "Сыгъзæрин фæззæг – 2017"-ы, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

Алæмæттаг хъæу Лисри - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алæмæттаг хъæу Лисри

"Сыгъзæрин фæззæг – 2017" цæудзæн Мæскуыйы 4-7 октябры.

"Уæрæсейы хъæууон хæдзарды министр Александр Ткачевы фæхуындмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хъæууонхæдзарадон уагдоны делегаци министр Пухаты Левы сæргълæудæй хайад райсдзæн равдысты. Сæйраг хъæууонхæдзардон форум ацæудзæн ВДНХ–йы æмæ йæ фæлгæтты æрбамбырд кæндзæн Уæрæсейы ацы фадыджы кондады æнтыстытæ, ратдзæн фæзуат фадыджы размæцыдыл æруынаффæ кæнынæн", — загътой пресс-службæйы.

Равдысты архайдзысты Уæрæсейы æппæт регионтæ æмæ кæцыдæр фæсарæйнаг бæстæтæ дæр. Мадзал æрбакæндзысты УФ хицауады сæрдар Дмитрий Медведев æмæ хъæууон хæдзарады министр Александр Ткачев.

Равдыст аразы УФ хъæууон хæдзарады министрад хицауады æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0