Мидхъуыддæгты министрад сарæзта комментарий Дьяконты Амиран æмæ МСНК-ы æхсæн инцидентæн

© Sputnik / пресс-служба парламента РЮОДьяконты Амиран
Дьяконты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъæнæг ведомствæ ныммыхуыр кодта йæ сайтыл уац, цы ран рахуыдта Дьяконты Амираны аварион уавæры аххосджын, афтæ ма, зæгъгæ, æмрæстæджы уыд нозтджын дæр

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) ныммыхуыр кодта уац парламенты депутат Дьяконты Амиранимæ инциденты тыххæй, кæцыйы амæй размæ æрцахстой милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) кусджытæ. Фæстæдæр интернеты фæзындысты къамтæ йæ фыднады фæдтимæ. Депутат йæхæдæг æрцæугæ цау рахуыдта провокаци йæ ныхмæ æмæ МСНК патриотикон ахастимæ кусджыты ныхмæ.

МХМ-ы сайтыл уый тыххæй нысан цæуы, Дьяконты Амиран "уыцы изæр нозтджын уæвгæйæ кæй сарæзта аварион уавæр фæндагыл" æмæ "нæ лæвæрдта дзуапп милицийы кусджыты домæнæн, цæмæй баурома машинæ".

"Ацы цауы тыххæй барадхъахъхъæнæн органтæ æвиппайды фехъусын кодтой президентæн дæр, генералон прокурорæн дæр æмæ парламенты сæрдарæн дæр. Ацы цау у æвирхъау. Уæлдайдæр та, Дьяконты Амиран зындгонд адæймаг кæй у, алкæмæн дæр зындгонд у йæ архайд республикæйы æхсæнадон царды æмæ политикон процесты. Аннæрдыгæй та, РХИ МХМ сæрмагонд конторæ нæу, фæлæ паддзахадон структурæ, кæцы дæтты дзуапп æхсæнадон уагæвæрдæн æмæ цæрджыты сабыр цардæн, ведомствæйы ныхмæ провокацитæм æнæкæсгæйæ", — нысан кæны уацы автор.

Автор ма банысан кодта, закон кæй нæй гæнæн халын никæмæн – нæдæр президент, нæдæр депутат, нæдæр милицийы кусæг, нæдæр республикæйы кæцыфæнды цæрæгæн дæр.

Уацы кæронбæттæны нысан цæуы, зæгъгæ, "ацы цауы фæдыл æрмæджытæ, æвдисæндзырдтæ æмæ видеофиксаци æрвыст кæй æрцыдысты генпрокуратурæмæ, цы ран рахаст æрцæудзæн æмбæлон уынаффæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0