Говорун Хуссар Ирыстоны инвестпроектты тыххæй: кæд райдыдтат – уæд кусут

© Sputnik / Наталья АйриянОлега Говорун Цхинвалы
Олега Говорун Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы президенты управленийы сæргълæууæг æруынаффæ кодта Цхинвалы инвестицион проектты реализацийы цыдыл

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгад аразы фыццаг къахдзæфтæ æмæ йæ райрæзтмæ хъæуы аздахын фыццаградон хъусдард, загъта Уæрæсейы президенты управленийы сæргълæууæг ХПӔ-ы бæстæтæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимææ соцэкономæмгуыстады фæдыл Олег Говорун инвестортимæ фембæлды рæстæджы.

Олег Говоруны балц Цхинвалмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Говорун бабæрæг кодта, куыд цæуы арæзтад Хуссар Ирыстоны

Говорунæн радзырдтой фыццаг æхсæз инвестицион проекты реализацийы цыды тыххæй, кæцытæй дыууæ — кафе "Vincenco" æмæ фыдызгъæлы завод "Растдон" — ныридæгæн кусынц. Ноджы ма цыппар проекты – "Ирыстоны дыргъдæттæ", базарадон-хиирхæфсæн комплекс, нуазыны дон æвгты æмæ базальтон телты кондад – сты цæттæдзинады æндæр æмæ æндæр къæпхæнтыл.

Инвестициты иумæйаг суммæ у 969 милуан сомы, уыдонæн та ис фадат саразын 283-йы бæрц кусæгон бынæттæ. Уыимæ иумæ ис проблемæтæ æддагон базарадмæ рахызты рæстæджы.

"Растдон"-æн йæ уадзыны хъомысад у 2,5 тонны бæрц продукци суткæйы мидæг, уыимæ иумæ та дзы уагъд цæуы æрмæстдæр 300 кг. Ис зындзинæдтæ уæрæсейаг базарадмæ ацы продукци фæхæццæ кæныны хъуыддаджы, фæлæ кондады хъæуы фылдæр продукци бынæттон базарады уæй кæнын", — радзардта экономикæйы министр Кокойты Геннадий.

Рабадты сæйраг фарст ссис продукци республикæйæн æддæмæ ласынимæ проблемæ. Президент Бибылты Анатолий, кæцы райста хайад фембæлды, бахахх кодта, кæй цæуы куыст республикæйы уадзгæ продукцийæн сертификаттæ дæттæг сæрмагонд орган саразыныл. Президент радта хъæууон хъæдзарады министрадæн дыууæкъуырион æмгъуыд, цæмæй йæ дæлбар организаци (Хуссар Иры хъæууон хæдзарады цæстдард) райдайа йæ куыст.

"Арвитут командировкæйы, науæд та æрбахонут специалистты консультациты тыххæй, цæмæ организаци куса. Уый æрмæст "Растдон"-ы æмæ æндæр кондадты нæ хъæуы, фæлæ ма хицæн адæймæгты дæр", — загъта Бибылты Анатолий.

Говоруны фарстæн, зæгъгæ, цы уыдзæн кæд æмæ хæслæвæрд æххæст не ′рцæуа, уымæн та рабадты хайадисджытæй иу радта дзуапп, зæгъгæ, уæд министр ацæудзæн отставкæйы.

Рабадты хайадисджытæ цыбыртæй æрдзырдтой, куыд цæуы инвестпроектты реализаци. Авгджын дон æмæ базальтон телы рауагъд райдайдзæн иннæ азы, уæд ма ныфс дæттынц "Ирыстоны дыргъдæтты" продукцийæ. Базарадон-хиирхæфсæн комплекс, инвесторы ныхæстæм гæсгæ, скусдзæн ацы аз ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0