Газы срæмыгъд ныппырх кодта хисæрмагонд хæдзар Цхинвалы

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæЦардуагон газ
Цардуагон газ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горæт Цхинвалы хисæрмагонд хæдзæрттæй иуы æрцыд цардуагон газы срæмыгъд – сылгоймаг бахаудта рынчындонмæ

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы Гуыбаты æфсымæрты уынгыл хисæрмагонд хæдзæрттæй иуы ахъуызыд газ, уый фæстиуæгæн арæнырд срæмыгъд, фехъусын кодтой республикæйы уæлвæткон уавæрты министрады.

Хæдзары цæрæг сылгоймаджы фæхæццæ кодтой рынчындонмæ – басыгъд йæ цæсгом, йæ уавæрæн ын нырма аргъ нæ кæнынц.

Инцидент цы хæдзары æрцыд, уый æнæхъæнæй ныппырх. Срæмыгъды æууæлтæ нырма æргом не ′рцыдысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0