Пухаты Эрик ауагъта æмбырд ЦКХ-ы лæггæдты гъæд æмæ тарифты фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянПухаты Эрик
Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны премьер-министр ауагъта æмбырд, цы ран æруынаффæ кодтой ЦКХ-ы къабазы тарифты арæзтады фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хицауады сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд цæрæн-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) къабазы лæггæдты гъæд фæбæрзонддæр кæныны æмæ тарифты фарстыты фæдыл, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службæ.

Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны премьер сарæзта комментарий йæ отставкæйы тыххæй

Ӕмбырды рæстæджы экономикон райрæзты министрадæн бахæс кодтой доны, газы æмæ электроифтонгады, уынгтæ сыгъдæг кæныны æмæ æндæр тарифты фæдыл бахыгъдтæ саразын.

Уымæй дарддæр ма, горæты æмæ районты цæрæн-коммуналон службæйы куыстуæттæй алкæцы дæр хъуамæ æрбавдиса лæггæдты æмæ хæрдзты калькуляци сфидаргонд формæйы. Куыст абоны бон цæуы æрмæстдæр 27 тарифы фæдыл.

Премьер-министр ма бахахх кодта экономикон райрæзты министрадмæ документты æмæ бахыгъдты рæстæгыл балæвæрды ахсджиагдзинад, кæцыйы функцитæм хауы тарифты банымад.

"Ацы тарифтæ экономикон райрæзты министрад хъуамæ сфидар кæна фыццæгæм ноябры онг. Сæ бындурыл нымад цæуынц субсидиты æмæ бюджетон лимитты бæрцтæ, кæцытæ рахицæн кæнынц горæттæ æмæ районтæн. Уымæ гæсгæ, горæты æмæ районты сæргълæуджытæ хъуамæ æрбавдисой сæ хыгъдтæ ацы аз 14 ноябры онг", — бамбарын кодта Пухаты Эрик.

Ӕмбырды хайад истой экономикон райрæзты министр Кокойты Геннадий, йæ уынаффæгæнæг Вера Денк, афтæ ма горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0