Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Абхазы Гарзджын тыхты юбилейы цытæн мадзæлтты

© Sputnik / Ада БагианРХИ хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим
РХИ хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Визиты фæлгæтты хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим æруынаффæ кодта йæ абхазаг коллегæимæ дыууæварсон ахастыты фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады делегаци министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагимы сæргълæудæй хайад исы Абхазы Гарзджын тыхты сырæзтыл 25 азы сæххæсты цытæн цытджын мадзæлтты.

Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хъахъхъæнынадон уагдæтты сæргълæуджыты фембæлды рæстæджы Гассейы фырт æмæ Кишмария æруынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстады фарстытыл. Гассеты Ибрагим раарфæ кодта йæ абхазаг коллегæйæн бæрæгбоны цытæн æмæ равдыста ныфс, дыууæ бæстæты æхсæн ахастытæ кæй кæндзысты фидардæр.

Кишмария бахахх кодта министрæдты дæлхайæдты æхсæн иумæйаг мадзæлтты реализацийы æнæмæнгхъæуæгдзинад.

Абхазы Гарзджын тыхты юбилейы цытæн мадзæлтты фæлгæтты сæвæрдзысты дидинтæ мемориалмæ Кады парчы. Уымæй дарддæр ма столицæйы ацæудзæн цытджын æмбырд, Абхазы хъахъæнынады министрады службæгæнджыты ведомствæйон майдантæй схорзæхджын кæныны церемони.

Ног хабӕртты лентӕ
0