Джиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда – фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда
Джиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ чызджы хицæн кæнынц сæ активондзинадæй, куы рæтæны цъуппæй акæсынц, куы та лæппуты æрбынæй кæнынц

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны спорты ахӕм хуыз, куыд сылгоймæгты хъæбысхæст нырма æнцой кæны Джиоты хотæ — Дзерассæ æмæ Амандайыл. Ацы дыууæ хойы сты иунæг чызг-богалтæ æгас республикæйы. Тренерты ныфс ис, уыдон кæй фæцудын кæндзысты япойнаг чызг-хъæбысхæцджыты æлдарад.

Хуссар Ирыстонæй ацыд бирæ зындгонд хъæбысхæцджытæ, бирæтæ сӕ схызтысты дунейы чемпионатты æмæ суанг олимпиаг пьедесталмæ дæр, фæлæ уыдон се ‘ппæт дæр уыдысты нæлгоймæгтæ. Ныр та ацы бæрзæндтæм тырнынц цхинвайлаг чызджытæ.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда – фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры
Девочки-борцы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда – фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры

Дзерассæ æмæ Аманда уæгъдибар хъæбысхæсты секцимӕ цæуынц дыууæ мæйы, фæлæ сæ ныридӕгӕн дæр хицæн кæны фидар физикон тых æмæ уӕлахизтӕм тырнындзинад.

"Сентябрæй фæстæмæ нӕм цæуынц ӕмӕ кæд адарддæр кæной сæ куыст, уӕд сын ис хорз фидæн. Ӕппæт бæрæггæнæнтæй дӕр сты хайджын, фæлæ æнтыст бирæ цӕмӕйдӕрты кæнгæ у. Хъæуы ныййарджыты æмбарынад, хи куыст, тренерты куыст æмæ фадæттæ. Фӕлæ ма æппæт уыдæтты фæстæ хъуамæ уа амонд дæр, ацы спорт лотереяйæ хъавджы нæу", — радзырдта уæгъдибар хъæбысхæсты скъолайы директор Тедеты Мурӕт.

Тренировкæтæ сывæллæттæн райдайынц изæры фондз сахатыл. Мæскуыйаг микрорайоны залы гауызыл æртæ тренеры хъусдарды бын змæлынц фæсивæд. Дыууæ чызджы хицæн кæнынц сæ активондзинадæй, куы рæтæны цъуппæй акæсынц, куы та лæппуты æрбынæй кæнынц.

© Sputnik / Наталья АйриянДыууæ чызджы хицæн кæнынц сæ активондзинадæй, куы рæтæны цъуппæй акæсынц, куы та лæппуты æрбынæй кæнынц
Девочки-борцы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууæ чызджы хицæн кæнынц сæ активондзинадæй, куы рæтæны цъуппæй акæсынц, куы та лæппуты æрбынæй кæнынц

Уæлдай тӕлтӕгдæр хотӕй у кæстæр — Дзерассæ. Уый чысыл ас æмæ къæсхуырдзинадмæ æнæкæсгæйæ нæ зоны фæллад æмæ тас.

"Уарзын хъæбысæй хæцын æмæ йæ нæ хъавын ныууадзын. Цæргæ Хъорнисы кæнæм, изæры нæ æркæны тренировкæтæм нæ фыд. Фæнды мæ ацӕуын Дзæуджыхъæумæ æмæ уыдон чызджыты дæр ныббырсын", — дзуры Дзерассӕ.

Чызджыты тренеры ныхæстæм гæсгæ, ацы фæззæджы дыууæ хо фембæлдзысты сæ фыццаг ныхмæлæуджытимӕ.

"Чызджыты уæгъдибар хъæбысхæст у æвзонг спорт. Нырма дзы æлдариуæг кæнынц япойнаг чызжытæ. Дзæуджыхъæуы спорты ацы хуызы ис бирæ чызджытæ æмæ сæм Дзерассӕ ӕмӕ Амандайы хъуамæ ныккæнæм иумæйаг тренировкæтæм", — бафтыдта Тедеты Мурӕт.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда – фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры
Джиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда – фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Джиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда – фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры
© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда – фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры
Джиоты хотӕ Дзерассæ æмæ Аманда – фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4

3/4

4/4

Спортсменкӕты фыд Ерванд дæр райгонд у йæ зæнæджы æнтыстытæй. Йæ хистæр чызджытæ — Кристина æмæ Снежана 2010 —2011 æзты æнтыстджынæй архайдтой дзюдойы. Дыууæ азы тренировкæты фæстæ дыууæ хойы æмбылдтой цæгаткавказаг ерыстæ. Хуссар Федералон зылды ерысты финалы æрвылхатт дӕр уыдысты Джиоты дыууæ хойы, фæлæ фæстæдæр уыдон ныууагътой сæ спорт. Ныр æрцыд кæстæр хоты рад.

"Фидар сты тыхӕй, спорты хуызæн тынг ницæмæ арæхсынц, стæй сæхи дæр фæнды мæ сæ ӕз дӕр æрбакодтон", — дзуры Ерванд.

Дыууæ сахаты цæттæ кæныны фæстæ уæгъдибар хъæбысхæсты хатæн раафтид вæййы, стыр залæй ма сæ къах нæ фӕхæссы æрæмæст дыууæ хойы. Чызджыты уырны, ацы залæй кæй райдайдзæн сæ фæндаг стыр спортмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0