"Мегафон-Хуссар Ирыстон" къаддæрæй-къаддæр фиддонтæ хæссы бюджетмæ

© Sputnik / Алексей КовалевМегафон
Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстаг æртæ азы Хуссар Ирыстоны иунæг чырон оператор фиды къаддæрæй къаддæр фиддонтæ паддзахадон бюджетмæ, фехъусын кодта хъалонисæн ведомствæйы сæргълæууæг

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны иунæг чырон оператор "Мегафон-Хуссар Ирыстон"-ы фиддонон фæрæзтæ фæстаг æртæ азы фæкъаддæр сты дыууæ хатты, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы фиддонтæ æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæргълæууæг Къацты Вадим.

Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ парламенты спикер: "Остелеком" хъæуы басгарын

"2015 азы фиддонтæ æмæ хъалонтæ уыдысты 57 милуан 837 мин сомы. Фарон — 35 милуан 601 мин сомы, ацы азы фараст мæйы мидæг та фиддонты бæрц у 25 милуан 697 мин сомы", — радзырдта Къацты Вадим.

Уый бафиппайдта, чырон операторы æфтиæгтæ паддзахадон бюджетмæ кæй фæкъаддæр сты, фæсарæйнаг гоймæгты æфтиæгты фæдыл нымайыны механизм раивд куы рцыд, уый фæстæ.

Къацты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны МХМ-ы экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы управлени уадзы басгæрст компанийы, сгæрст æрцæудзæн йæ фиддонон документаци дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0