Гасситы Мурæты тох равдисдзысты кафе "Vincenzo"-йы Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянВинченцо
Винченцо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ боксеры тох ацæудзæн 21 октябры, сæумæрайсоммæ æнæкæсгæйæ ныхмæлæуд равдисдзысты популярон цхинвайлаг кафейы

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Козаты Диана. Ирон боксер Гасситы Мурæты тох польшæйаг Кшиштоф Влодарчикимæ равдисдзысты комкоммæ эфиры цхинвайлаг кафе "Vincenzo"-йы, загъта Sputnik уагдоны сæргълæууæг, Хуссар Ирыстоны боксы федерацийы хистæр Уалыты Альберт.

Кшиштоф Влодарчик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Влодарчик Гасситы Мурæтимæ тохы тыххæй: ницы фесафдзынæн

Дыууæ боксеры тох ацæудзæн 21 октябры америкæйаг горæт Нью-Аркы Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы фæлгæтты. Гасситы Мурæты активы ис 24 уæлахизы (17 нокаутæй) æмæ иу саст дæр нæ, Кшиштоф Влодарчикы активы та ис 53 уæлахизы (37 нокаутæй) æмæ æртæ састы.

"Гасситы Мурæты тох уагъд цæудзæн райсом 5:30 сахатыл (мск). Хонæм алкæйдæр кафе "Vincenzo"-мæ, цай æмæ кофе махæй", — загъта Уалыты Альберт.

Хуссар Ирыстоны боксы федерацийы хистæр банысан кодта, республикæйы æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кæсынц Гасситы Мурæты радон тохмæ, бокс уарзджытæ та нæ дызæрдыг кæнынц, уый кæй уыдзæн цымыдисон ныхмæлæуд.

"Ахæм æмвæзадыл нæ вæййы лæмæгъ боксертæ æмæ æрцæуæн алцæмæн дæр ис. Фæлæ Мурæт тынг хорз цæттæ у функционалон æгъдауæй дæр æмæ психологон æгъдауæй дæр. Мах ныфс ис, кæй фæуæлахиз уыдзæн", — загъта Уалыты Альберт.

Боксы æппæтдунейон суперсерийы турнир æрбайгом ацы аз сентябры æмæ кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2018 азы майы. Йæ призон фонд уыд 50 милуан доллары. Уымæй дарддæр ма турниры уæлахиздзау райсдзæн Мухаммед Алийы номыл трофей.

Ног хабӕртты лентӕ
0