Тобæ интернетыл: Хуссар Иры скъолаты нал уадзынц мобилон телефонтæй пайда кæнын

© Sputnik / Ада БагианСкъоладзаутæ
Скъоладзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министры барамындмæ гæсгæ, иумæйаг ахуырадон уагдæтты тобæйы бахаудтой мобилон телефонтæ ӕмӕ планшеттӕ, кæцыты ис интернет

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иумæйаг ахуырадон уагдæтты фыццæгæм октябрæй фӕстӕмӕ нал уадзынц интернетимæ мобилон телефонтæй пайда кӕнын. Тобæ ист ӕрцыд Ахуырады министр Гасситы Наталийы барамындæй, фехъусын кодтой Sputnik ведомствӕйы. 

Ногдзинады автортæ нымайынц, интернетмæ цы телефонтæ хизынц, уыдон скъоладзауты кӕй иппæрд кæнынц ахуыры процессæй.

"Ахуырадон уагдæтты къухдариуӕггӕнджытӕ хæсджын сты ацы барамынд æххæст кæныны фæдыл уагæвæрдтæ сфидар кæнын", — банысан кодтой уагдоны.

Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахуырады министр радзырдта, цæмæн рахызтысты гуырдзиаг скъолатæ уырыссаг æвзагмæ

Суагъæйæ куыд бæрæг у, афтӕмӕй ивындзинæдтæ ист цæуынц куысты режим оптимизаци кæныны, ахуырадон процесс эффективондæр кæныны æмæ ахуырæн уавæртæ скæныны нысанæн.

Ныййарджыты хсӕн ацы ногдзинæдтæм ис дывæр ахаст — иутӕ разы се 'вварс, аннӕтӕ та сӕ ныхмӕ.

"Сывæллæттæн се 'ппæтæн дæр ис ахæм телефонтæ. Иуæй ацы фӕнд раст у, уымæн æмæ уроктыл дæр скъоладзаутæ сæ телефонтæ сæ къухæй нæ уадзынц. Фæлæ изæры сывæллонмæ бадзурæн нал вæййы æмæ йæ нæ зонын, цафон рацæудзӕн скъолайæ", — дзуры ахуырдзаутӕй иуы мад Фатимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0