Медойты Дмитрий фæуазæг Италийы регионмæ референдумы рæстæджы

© FacebookМедойты Дмитрий
Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æддагполитикон ведомствæйы сæргълæууæг фæуазæг италиаг регион Венетомæ уым автономи фæуæрæхдæр кæныны фæдыл референдум ауадзыны бон

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Медойты Дмитрий фембæлд Италийы регионалон Венетойы Советы президент Роберто Чамбеттиимæ. Фембæлд ацыд, уым регионы автономи фæуæрæхдæр кæныны фæдыл консультативон референдум уагъд куы цыд, уыцы бон, хъусын кæны ФХМ-ы пресс-службæ.

Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФХМ-ы сæргълæууæджы визит Италимæ: уæрæх кæнæм контакттæ

Медойты Дмитрий ис кусæгон визитимæ Италийы. Министры ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон дарддæр кæны дипломатон куыст республикæ дунейы бирæ бæстæты æрдыгæй банымады æмæ йе 'хсæнадон контакттæ фæуæрæхдæр кæныны фæдыл алыгъуызон регионты.

"Ныхасы рæстæджы дзырд цыд бирæнымæц фарстытыл, зæгъæм, сæрибар плебисциты фæдыл адæймаджы барты реализацийыл. Роберто Чамбетти радзырдта Венетойы плебисцит ауадзынмæ цæттæгæнæн куыстыл, хъæлæскæнынады рæстæджы цæрджыты бæрзонд активондзинадыл. Медойты Дмитрий та радзырдта Хуссар Ирыстоны референдумты историкон аспекттыл, кæцытæ радтой фадат аскъуыддзаг кæнын республикæйы паддзахаддзинады рæзты ахсджиагдæр фарстытæ", — загътой ФХМ-ы пресс-службæйы.

Италиаг областтæ Ломбарди æмæ Венетойы цæрджытæ 22 октябры референдумтыл равдыстой сæ фæндон сæ регионты æххæстбартæ фæуæрæхдæр кæныны фæдыл. Венетойы æвзарæн къамис фехъусын кодта, схъæлæскæнджыты 98 %-æй фылдæр кæй схъæлæс кодтой автономийæн. Ломбардийы та автономийæн схъæлæс кодтой цæрджыты 95 %.

Италиаг республикæйы историйы цæрджытимæ ахæм консультацитæ уагъд цæуынц фыццаг хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0