Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн экономикон форумы Абхазы

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экономикон райрæзты министры хæдивæг Козаты Роины сæргълæудæй делегаци хайад райсдзæн абхазаг–уæрæсейаг хъуыддагджын форумы

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци экономикон райрæзты министры хæдивæг Козаты Роины сæргълæудæй хайад райсдзæн VIII абхазаг-уæрæсейаг хъуыддагджын форумы Абхазы хицауады сæрдар Беслан Барцицы фæхуындмæ гæсгæ. Форум ацæудзæн 27 октябры республикæйы столицæ Сухумы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службæ.

РХИ хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Абхазы Гарзджын тыхты юбилейы цытæн мадзæлтты

Форумы рæстæджы уынаффæ цæудзæн бæстæты æхсæн æмархайд æмæ æмгуыстад фæарфдæр кæныныл ахæм къабæзты, куыд транспортон-логистикон комплексы райрæзт, афтæ ма æхсæнрегионалон æмгуыстад.

Фембæлдмæ фæуазæг уыдзысты Абхаз æмæ Уæрæсейы Федерацийы президентты администрацийы минæвæрттæ, дыууæ бæстæты регионты сæргълæуджытæ, закондæттæн æмæ æххæстгæнæн органты, æхсæнадон баиугæндты æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0