Депутаттæ байстой Тасойты Дмитрийы депутатон бынат парламенты

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент, Цхинвал
Парламент, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тасойты Дмитрийы æххæстбартæн æмгъуыдæй раздæр кæрон скæныны тыххæй схъæлæс кодтой Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæй рабадтыл чи уыд, уыдонæй 21

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты фылдæр хай схъæлæс кодтой парти "Иугонд Ирыстон"-æй депутат Тасойты Дмитрийæн йе 'ххæстбартæн æмгъуыдæй раздæр кæрон скæнынæн, фехъусын кодта Sputnik ратæдзæн закондæттæн органы.

Амæй размæ парти "Иугонд Ирыстон", кæцыйы сконды Тасойты Дмитрий æрбацыд парламентмæ, æнæрадон съездыл скъуыддзаг кодта уый депутатон корпусæй асидын.

"Сессийы куысты цы депутаттæ истой хайад, уыдонæй 21 схъæлæс кодтой Тасойты Дмитрийæн йæ депутатон майдан байсыны тыххæй. Йæ коллегæтæй фондз банымадтой, уый кæй хъуамæ баззайа парламенты, ноджы ма цыппар депутат та сæхиуыл фæхæцыдысты хъæлæскæнынадæй", — загъта агентады дзырдæмбал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Тасойты Дмитрий йæхæдæг загъта сессийыл, парламент гуымирæй кæй халы регламент æмæ процедурон фарстытæ, зæгъгæ, кæд йæ хъуыдытимæ разы нæу закондæттæн органы фылдæр хай, уæддæр уый нæу бындур йæ асидынæн.

Тасойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент æркæсдзæн Тасойты Дмитрийæн йæ депутатон мандат байсыны фарстмæ

Июлы парламент равдыста æнæууæнк вице-спикер æмæ хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты разамонæгæн йæ цалдæр видеохъусынгæнинаджы, ома "æркæсдзæн йæ уæвынадмæ парламенты" æмæ ног спикер Гасситы Петры ныхмæ, карз критикæйы фæстæ.

ЦӔК-ы уынаффæйы фæстæ Тасойты Дмитрийы мандат лæвæрд æрцæудзæн "Иугонд Ирыстон"-ы партимæ йæ фæстæ цы кандидаты срегистраци кодтой, уымæн. Партийы номхыгъдмæ гæсгæ, парламенты депутат ис гæнæн æмæ суа Паддзахадон драмтеатры актер Уанеты Ӕхсар.

Вице-спикер æмæ хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты разамонæджы хæстæ парламент кæуыл сæвæрдзæн, уый нырма бæрæг нæу.

Ног хабӕртты лентӕ
0