Хуссар Иры сфидар кодтой "Стыр ныхас"-ы уанелмæ делегатты сконд æмæ сæйраг фарстытæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваИры Стыр Ныхас
Иры Стыр Ныхас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конференцийы хайад райста президент Бибылты Анатолий, кæцы фехъусын кодта, "Стыр Ныхас"-ы радон X уанел та кæй ацæудзæн Хуссар Иры августы, бæстæйы хæдбардзинад Уæрæсейы рдыгæй банымайыны цытæн юбилейон мадзæлтты агъоммæ

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хай дыццæжы ауагъта фарастæм æнæрадон уанелмæ цæттæгæнæн æмбырд. Конференцийы сфидар кодтой делегатты сконд æмæ раныхасы сæйраг темæтæ.

Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр ныхас"-ы æнæрадон IX уанел ацæудзæн 27 октябры Цæгат Ирыстоны. Хуссар Ирыстонæй съезды архайдзæн 40 адæймаджы, уымæй дарддæр ма уырдæм хуынд цæуынц президент æмæ паддзахады къухдариуæгады минæвæрттæ. Конфренцийы рæстæджы æвзæрст æрцыдысты делегатты æмæ координацион советы сконд.

Роберт Гаглойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Стыр Ныхас" æрæмбырд кæндзæн Ирыстоны дыууæ хайы минæвæртты

Æмбырды райдайæны "Стыр Ныхас"-ы Хуссар Ирыстоны хайады хистæр Гаглойты Роберт сарæзта доклад, æнæрадон уанелы цы темæтыл раныхас кæндзысты, уый фæдыл. Сæйраг фарстыты ʻхсæн уыд Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæнын, Транскам, ирон æвзаг, фыдæлты æгъдæуттæ, дин, Скæсæйнаг Аланийы (Тырсыгом) проблемæтæ, стæй ма Стыр Ныхасы хуссарирыстойнаг хайы делегатты нымæц фæфылдæр кæнын, ирон мыггæгтæ раст фыссыны фарст æмæ къорд æндæр темæтæ.

"Хатæм нæ цæгаттаг æфсымæртæм, цæмæй ма хуссайраг ирæтты нымæц фæфылдæр кæнæм "Стыр Ныхас"-ы координацион советы сконды дæр. Цæмæй хицæн бæстæ — Паддзахад Аланийы минæвæртты нымæц уа 12-15 адæймаджы онг", — загъта Гаглойты Роберт.

Конференцийы делегаттæ дæр размæ кодтой республикæйы æндæр проблемон фарстытæ. Ирон литературæзонæг, профессор Плиты Гацыр раразмæ кодта ирон æвзаг æмæ æгъдæутты бахъахъхъæнынмæ стырдæр хъусдард аздахыны хъæппæрис.

"Чындзæхсæвтæй æмæ куывдтæй ирон зард нал хъуысы, фæсарæйнаг музыкæтæ ныццæгъдынц æмæ чъылиппытæ кæнынц. Нæй нæм иумæйаг ахуырадон программæ хуссары æмæ цæгаты. Стæй нын "лæвар" цæттæ кæнынц уанелмæ — ацæудзæн дзы гуырдзиаг ансамблы концерт. Хуссар Ир нырма дæр тугæйдзаг у, цæрджыты æмбис та уырдæм фæцыд цæрынмæ æмæ сын ахæм концерттæ аразын раст нæу", — загъта уый.

Конференцийы куысты хайад райста президент Бибылты Анатолий. Паддзахады сæргълæууæг балæууыд, æмбырды цы хъуыдытæ раразмæ кодтой, уыдоны фарс, сæрмагондæй, банысан кодта, растыл кæй нæ нымайы гуырдзиаг ансамбльты концерттæ Дзæуджыхъæуы. Уыимæ иумæ бæстæйы сæргълæууæг бафæдзæхста искæй азым кæнынæй.

Башня Хакуна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Басаты Борис ныууагъта "Стыр ныхас"

"Искæмæй цы домæм, кæд æгъдау фæтк нæй нæхимæ дæр. Ирон æвзаджы райрæзты дæр æппæт хицауад æмæ ахуыргæнджытæй кæнгæ нæу, фылдæр тых ацы хъуыддаджы ис ныййарджытæн. Дихдзинад нæм ис дины фарстыты дæр", — загъта президент.

Бибылты Анатолий ма фехъусын кодта, "Стыр Ныхас"-ы радон X уанел та кæй ацæудзæн Хуссар Иры августы, бæстæйы хæдбардзинад Уæрæсейы рдыгæй банымайыны цытæн юбилейон мадзæлтты агъоммæ.

Афтæ ма конференцийы архайджытæ раразмæ кодтой скъолæйы программæтæм бахæссын ирон дины æмæ "аланзонынады" предметтæ æмæ Ирыстоны географийы чиныг бацæттæ кæныны фарстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0