Цхинвайлаг спортсментæ рамбылдтой цыппар сыгъзæрин Ирыстоны чемпионаты панкратионæй

© Sputnik / Наталья АйриянРукопашный бой
Рукопашный бой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пьедесталы фыццаг къæпхæнтæм схызтысты - Бестауты Ацæмæз æмæ Бестауты Азæмæт Къобесты Владимир æмæ Дьяконты Сергей

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг цыппар æмбуархæцӕджы рамбылдтой панкратионæй Цæгат Ирыстоны чемпионаты фыццаг бынӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсменты ахуыргæнæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Хъуылымбегты Мамед. 

Цæгат Ирыстоны 27-29 октябры цыд республикæйы чемпионат панкратионæй. Ерыстæ нывонд уыдысты Стыр фыдыбæстон хæсты Алагиры районæй чи фæмард хæсты быдыры, уыдонæн.

© Sputnik / тренеры архивæй къамСпортсментæ рамылдтой цыппар сыгъзæрин Ирыстоны чемпионаты панкратионæй
Рукопашный бой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спортсментæ рамылдтой цыппар сыгъзæрин Ирыстоны чемпионаты панкратионæй

"Ерысты архайадтой 8 азы карæй хистæр фæсивæд. Нæ хъомылгæнинæгтæ цыппарæй райстой фыццаг бынæттæ — Бестауты Ацæмæз æмæ Азæмæт рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ, ахæм хатдзæгтимæ æрæздæхтысты Къобесты Владимир æмæ Дьяконты Сергей. Кæцыдæр уæзы категориты уыд стырдæр конкуренци æмæ нын дыккаг бынæтыл ацыдысты Тæтæрбиты Дауыт æмæ Плиты Гамлет. Призерты нымæц ма баххæст кодта Чеботарев Алексей, уый ссис æртыккаг", — загъта тренер.

Тренер ма радзырдта, ерыстæм спортсментæ ацыдысты ныййарджытæ æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы хистæр Бибылты Ацæмæзы финансон хæрдзтæй.

Фæсивæды цæттæ кæнынц тренертæ Хъуылымегты Мамед æмæ Уалыты Вахтанг.

Алагиры спортивон комплексы Ирыстоны чемпионаты панкратионæй архайдтой 200 спортсмены. Турнир уыди æвзарæн къæпхæн. Уæлахиздзаутæ уый фæстæ архайдзысты Цæгат Кавказы турниры.

Ног хабӕртты лентӕ
0