Гасситы Мурæт: дарддæр дæр рухс кæндзæн Ирыстоны цæрджыты зæрдæтæ мæ уæлахизтæй

© Sputnik / Наталья АйриянМурат Гассиев
Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурæты тренер радзырдта, Влодарчикимæ тох æртыккаг раундыл цæмæн фæцис

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы ¼ хайы уæлахиз ссис ахсджиаг къахдзæф дунейы чемпион Гасситы Мурæты спортивон карьерæйы, загъта чемпионимæ фембæлды рæстæджы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Гасситы Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт радта сæрмагонд стипендитæ Ирыстоны æрыгон боксертæн

Гасситы Мурæт æмæ йæ тренер Сланты Виталий æрцыдысты майрæмбоны Цхинвалмæ, цы ран сæ йæхимæ райста президент. Абон ма уагъд æрцæудзæн йæ фембæлд республикæйы фæсивæдимæ æмæ мастер-класс спорты галуан "Олимп"-ы.

"Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дын иууылдæр арфæ кæнынц дæ уæлахизы цытæн. Ацы æнтыст у ахсджиаг къахдзæф дæ карьерæйы. Хуссар Ирыстоны ничы фынæй кодта, иууылдæр уыдысты телевизорты раз. Бирæтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, хъыг уыд, тох афтæ æвиппайды кæй фæцис, фæлæ алчидæр уыд йемыдзаг цины æнкъарæнтæй дæ уæлахизы фæдыл", — загъта президент.

Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикос - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бæлвырд æрцыд Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы тохы датæ

Президенты зæрдæ загъта, цæмæй "нæхи Гасситы Мурæт суа ацы турниры уæлахиздзау". Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, чемпионы уæлахизтæ ахъаз сты фæсивæды спортыл фæцайдагъæн.

Тренер Сланты Виталий загъта бузныг спортсмены тохыл кæй зæрдæ рыст, уыдонæн æмæ загъта, кæй федтой, куыд цин кодтой цæрджытæ дыууæ Ирыстоны дæр.

"Тох та афтæ тагъд уымæн фæцис æмæ Дзæуджыхъæуы адæм тохмæ кастысты уынджы æмæ Мурикы зæрдæ æхсайдта, цæмæй сæ уазал ма бацæуа", — загъта уый.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уæлахизтæй цæрджыты зæрдæтæ рухс кæныны традици адарддæр уыдзæн", — загъта Гасситы Мурæт.

Октябры Гасситы Мурæт арвыста нокауты польшæйаг боксер Кшиштоф Влодарчикы, уымæ гæсгæ йын фæзынд фадат суперсерийы æрдæгфиналмæ ахизын æмæ бахъахъхъæдта IBF версимæ гæсгæ чемпионы титул.

Ног хабӕртты лентӕ
0