Гасситы Мурæт: нæ мæ истой спортивон клубмæ

© страница Roast the Hokies в сети twitterГассиев и Дортикос провели первую дуэль взглядов
Гассиев и Дортикос провели первую дуэль взглядов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боксер раргом кодта дунейы чемпион суæвыны сусæгдзинæдтæ

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Гасситы Мурæт басаст, кæй йæ нæ истой дзæуджыхъæуккаг боксерон клуб "Ариана"-мæ, кæдæм уый æрбацыд 15-аздзыдæй.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт: дарддæр дæр рухс кæндзæн Ирыстоны цæрджыты зæрдæтæ мæ уæлахизтæй

Хуссар Ирыстоны фæсивæдимæ фембæлды рæстæджы майрæмбоны, чемпион радзырдта Кшиштоф Влодарчик æмæ Юниер Дортикосимæ тохты тыххæй, афтæ ма куыд æрбацыд боксмæ æмæ куыд æрвиты йæ сæрибар рæстæг.

"Клуб "Арианамæ" куы æрбацыдтæн, уæд уыд октябры мæй. Залы уыдысты мæ тренер Сланты Виталийы æфсымæр æмæ ма ноджы дыууæ тренеры. Бахатыдтæн сæм, цæмæй мæ айсой, фæлæ мæ рарвыстой, зæгъгæ нæм бынæттæ нæй. Бафæдзæхстой мæ, цæмæй æрбацæуон иннæ аз, науæд та ацæуон æндæр бынатмæ. Ӕз сæм бахатыдтæн шанс мын раттой, æрбацыдтæн дыккаг бон æмæ мын сарæзтой спарринг… ууыл историйы кæрон, уæ разы дæн", — загъта дунейы чемпион.

Гæджиты Гурам рамбылта  сыгъзæрин майдан боксæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Гурам рамбылдта Пивоваровы номыл боксы турниры сыгъзæрин майдан

Уый ма загъта, дунейы чемпион суæвынæн бирæ кæй ницы хъæуы.

"Ӕрбацыдтæ залмæ. Аст азы дæхи алцæмæйдæр цух кæныс, цæуыс æрмæстдæр скъола æмæ залмæ, æмæ аст азы фæстæ дæ дунейы чемпион. Фæлæ залмæ цæуыс æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Виталимæ", — загъта Гасситы Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, тренировкæтæй сæрибар рæстæг чемпион уарзы афынæй кæнын, бинонтимæ æмæ хæлæрттимæ рæстæг æрвитын, афтæ ма хæхтæм цæуын".

"Уадиссаг ницы ахæмæй", — банысан кодта уый.

Аст азы мидæг профессионалон рингыл Гасситы Мурæт ауагъта 25 тохы, акæцыйæ дæр рахызт уæлахиздзауæй, уый нымæцы нокаутæй балхынцъ кодта 18 тохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0