Цхинвалы расидтысты конкурс Сагкаты Валерийы цырты хуыздæр эскизы фæдыл

© FacebookСагкаты Валерийы мысӕн концерты афишӕ
Сагкаты Валерийы мысӕн концерты афишӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæмон артисты ном сæнусон кæндзысты йæ райгуырæн горæты, цырт æвæрд цæуы хæрзаудæн концертты фæрæзтæй æмæ паддзахады сæргълæууæджы финансон æххуысы фæрцы

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны зынгхуыст адæмон артист Сагкаты Валерийæн Цхинвалы цырт сæвæрыны инициатортæ расидтысты эскизты конкурс. Зындгонд зарæггæнæджы ном йæ райгуырæн горæты сæнусон кæныны хъуыды фæзынд сфæлдыстады кусджыты къордмæ, уый нысанæн хæрзаудæн концерттæ ацыдысты Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы, фехъусын кодта организатортæй иу, театры актер Мамиты Григорий.

Сагкаты Валерийы мысӕн концерты афишӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бузныг, кæй мæ нæ рох кæнут". Сагкаты Валерийы мысӕн концерт ацæудзæн Цхинвалы

Зындгонд ирон зарӕггӕнӕг Сагкаты Валерий фӕмард 25 азы размӕ 16 февралы. Уӕд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн иунæг фæндагыл зæйы бын фесты 20 адæймагæй фылдæр, се хсӕн номдзыд спортсмен Коцты Гри æмæ адæмон артист Сагкаты Валерий дæр. Валерийыл цыд 41 азы.

"Ныридæгæн расидтыстæм конкурс цырты хуыздæр эскиз равзарыны фæдыл. Аккагдæр куыст равзардзæн сæрмагонд къамис, зарæггæнæджы чи зыдта, уыдон скондæй. Проекттæ ист цæуынц Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты нывгæнджытæй", — банысан кодта Мамиты Григорий.

Уый ма банысан кодта, кæд фæрæзтæ цырты фаг не сты, уæддæр ын æнæаразгæ кæй нæй.

"Дзæуджыхъæуы æмæ Цхинвалы ацыд хæрзаудæн концерттæ, уыцы фæрæзтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цырты фаг не сты, фæлæ развæлгъау дæр æмбæрстам, уый бæрц кæй не ʻрымбырд кæндзыстæм. Президент Бибылты Анатолий нын ныфс радта, кæй нæм фæкæсдзæн финансон æгъдауæй нæ номдзыд зарæггæнæгæн цырт саразыны хъуыддаджы. Афтæ ма дуканиты зарæггæнæджы дисктæ чи балхæна, уый дæр йæ хайбавæрд бахæсдзæн цырт амайынмæ", — балхынцъ кодта уый.

Зарæггæнæг, композитор, поэт, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Сагкаты Алексейы фырт Валерий райгуырд 14 январы 1951 азы. Уыд бирæнымæц конкурсты лауреат, архайдта зындгонд къорд "Айзæлд" æмæ легендарон ВИА "Бонвæрнон"-ы сконды. Зарæг "Мæ Ирыстон" Валерийы æххæстæй ссис адæмон гимн.

Сагкаты Валерийы ном хæссы Цхинвалы уынгтæй сӕ иу.

Ног хабӕртты лентӕ
0