Абайты Уасойы музей Цхинвалы сцалцæг кæндзысты Бибылты Анатолийы æххуысæй

© Sputnik / Ада БагианАбайты Уасойы музей
Абайты Уасойы музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгæ ахуыргонды хæдзар-музейы цæлцæггæнæн куыстытæ балхынцъ кæнынæн бахъуыд ноджы 2, 7 милуан сомы

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Зынгæ ирон ахуыргонд, æвзагзонæг-иранист Абайты Уасойы хæдзар-музейы цалцæг балхынцъ кæндзысты 2018 азы, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы Культурæйы министр Зассеты Жанна.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æххæст цалцæгæн хъæуы ноджы 2, 7 милуан сомы.

"Республикæйы президент Бибылты Анатолийы æххуысæй бæстыхайы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ балхынцъ уыдзысты 2018 азы", — загъта Зассеты Жанна.

Министр радзырдта, зæгъгæ, хæдзар-музей эксплуатацимæ куы радтой, уæд æй рацараздзысты уæрæхдæр профилы уагдонмæ, "кæцы суыдзæн æвзагзонынады, дунейон æмæ нæхи ирон литературæйы фæдыл куыстыты центр".

Незавершенное строительство дома-музея Васо Абаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музей кӕй не сцӕттӕ, уый ныр та фӕцис боныгъӕды аххос

Хæдзар-музейы хатдзæгон ном сбæлвырд кæндзæн культурæйы министрад.

Абайты Уасойы хæдзар-музей Цхинвалы æрбайгом кодтой 2000 азы. Аст азы фӕстӕ уый басыгъд. Уæдæй фæстæмæ музейæн никуыд бантыст сцалцæг кæнын.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Ис ын бирӕнымӕц бындурон куыстытӕ. Дунейы иууыл тынгдӕр йӕ ном айхъуыст, куыд ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуаты автор, цы ран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг ӕвзӕгтимӕ. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0