Хуссар Иры хъахъхъæнджытæн рæстæгмæ цырт: афтæ дæр ацæудзæн

© Sputnik / Наталья АйриянДменис
Дменис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дменисы хъæуы цæрджытæ нымайынц, зæгъгæ, цырты арæзтады рæстæджы намысцух ахаст у Фыдыбæстæйы сæрыл цы хъайтартæ тох кодтой, уыдоны номы бафхæрд

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Уалыты Диана.  Дменисы хъæуы фарон сарæзтой чысыл Кады Аллей Стыр фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæн æмæ РХИ хъахъхъæнджытæн. Аллейы астæу æвæрд æрцыд цырт æфсæддон архæйдтыты бабынуæвæг хайадисджыты нæмттимæ.

Иу афæдз дæр нæма рацыд, афтæмæй цырт райдыдта пырх кæнын, Кады Аллей та ссис хъомты хизæн бынат. Скверы кæрæтты дидинджытæ садзынæн хуымтæ ныссæндыдтой хуытæ æмæ хъуццытæ, кæцыты æрвылрайсом хъæуы территорийæ расурын – мемориалон комплекс æхгæд у æрмæстдæр разæй. Аллейы рухсытæ сæ сæвæрды фæстæ иухатт дæр сыгъд не ′рцыдысты.

© Sputnik / Наталья АйриянЦырт Дменисы
Памятник в селе Дменис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цырт Дменисы

Бынæттон цæрджытæ нымайынц, зæгъгæ, цырты арæзтады рæстæджы намысцух ахаст у Фыдыбæстæйы сæрыл цы хъайтартæ тох кодтой, уыдоны номы бафхæрд.

"Лæууы афæдзæй чысыл фылдæр æмæ ныридæгæн пырх кæнын райдыдта. Арæзтой йæ бынæттон цæрджытæ, кæцытæ дзурынц, æрмæг кæй нæ уыд гъæдджын. Уый у нæ иумæйаг рис. Куыд ис гæнæн æмæ мах тыххæй йæ цард чи радта, уыдонмæ уа ахæм ахаст?", – дзуры хъæуы цæрæг Икъаты Ануси.

Дменисæгтæ радзырдтой, цырт кæй равдисынц хицауады уæнгтæ æмæ паддзахадон службæты кусджытæй ардæм чи æрбацæуы, уыдонæй алкæмæн дæр.

"Фадат кæмæн ис бандавын, уыдонæй алкæмæн дæр радзурæм нæ рисы тыххæй. Уыдон байхъусынц, цырт та афтæ лæууы, куыд нæ æнæмæт æмæ æгад ахасты удыгас æвдисæн", — дзурынц уыдон.

Иугонд меориалон комплекс хъайтарты ном арынæн арæзт æрцыд 2016 азы президентон фонды финансон фæрæзтæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Дменисы хъæуæй Сырх Ӕфсады рæнхъытæм ацыд сæдæгай бархионтæ, уыдонæй бирæтæ нал æрæздæхтысты. 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Дменис стыр зиан баййæфта артиллерион æхстытæй, бынæттон цæрджытæ та растадысты сæ адæмы бахъахъхъæнынмæ. Уыдонæй бирæтæ фæмард сты хæстон архæйдтыты рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0