Хуссар Иры расидтысты сывæллæтты туризмы фæдыл проектты конкурс

© Sputnik / Наталья АйриянСывæллæтты лагерь
Сывæллæтты лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Жюрийы уæнгтæ æрбавдисгæ проекттæй аккагдæр равзардзысты декабры райдайæны

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет расидт сывæллæтты туризмы райрæзты фæдыл проектты конкурс, фехъусын кодтой Sputnik комитеты пресс-службæйы.

"Конкурсы нысан у сывæллæтты туризмы алы хуызты райрæзт. Организатортæ фæнд кæнынц конкурсы фæрцы сывæллæттæ æмæ фæсивæды хсæн туризм спопулярон кæнын. Хайад райсыны фадат дзы ис 16 азæй хистæр адæмæй алкæмæн дæр", — загътой пресс-службæйы.

Конкурс уагъд цæуы Хуссар Ирыстоны фæсивæды монон-фæткæвæрдон нывæзты фæлгæтты. Жюрийы уæнгтæ æрбавдисгæ проекттæй аккагдæр равзардзысты декабры райдайæны.

Ног хабӕртты лентӕ
0