Хуссар Иры арӕнгӕрон хъӕуы цӕрджыты сифтонг кодтой хӕлцадӕй

© Sputnik / Руслан ТадтаевТеделеты хъӕу
Теделеты хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бынӕттон къухдариуӕгад ӕрласта Дзауы районы Карзманы хъӕумӕ фыццаградон хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ ныфс бавӕрдта, дарддӕр дӕр сӕ регулярон ӕгъдауӕй кӕй хӕццӕ кӕндзысты дӕрддзӕф хъӕутӕм

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы разамынад аскъуыддзаг кодта дӕрддзӕф хъӕуты цӕрджыты проблемӕты иу хай, кӕцытӕ сын бирӕ рӕстӕг зынвадат кодтой цӕ цард, хъусын кӕны республикӕйы хицауады сайт.

Дзырд цæуы арæнгæрон хъæутæ Карзман, Синагур, Теделет, Дзалабет æмæ Хахетыл, кæцытæ "фæстаг рæстæджы сты Дзауы районы администрацийы хъусдарды бын".

Маршрут выходного дня: Цхинвал- Нижний Рук- Згъубир- Эдис- Эрман - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæстæмæ хъæумæ. Цæрынмæ æви улæфынмæ

Карзманы медпунктмæ рауагътой нуазыны дон 250 метры дæрддзæфæй, уымæй размæ цæрджыты дон хæссын хъуыд къухæй. Уымæй дарддæр ма сцалцæг кодтой Теделеты ФАП-ы доны хæтæл.

"Карзманы цæрджыты сæйраг проблемæ у хæлцадон продуктты хъуагдзинад, æлхæнынмæ уыдон бахъæуы абалц кæнын районон центрмæ. Ӕрæджы бынæттон администрацийы тыхтæй хъæумæ æрбаластой ссад, сæкæр, цæхх æмæ сой, стæй ма сыл уæлæмхас аргъ нæ сывæрдтой", — дзырдæуы хъусинаджы.

Районы хистæр баныфсæвæрдта, арæнгæрон хъæутæм хæлцад ласт кæй цæудзæн æдзух дæр.

Районы цæрæн-коммуналон хæдзарады нывæзты ныр та ис Синагуры хъæууон администрацийы агъуыст раивын æмæ рынчындоны бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ ауадзын.

Бынæттон цæрджытæ æнхъæлæмæ кæсынц хицауадмæ æхсæнадон транспорты æдзухон рейстæ бакæнынмæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0