Хуссар Ирыстоны сæхгæдтой парти, кæцы сарæзта оппозицийы раздæры лидер

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæАлла Джиоты
Алла Джиоты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парти "Ирыстон – сæрибардзинады фæзуат"-ы сæргълæууæг 2012-2014 азты уыд оппозицийæ президенттæм экс-кандидат Джиоты Алла

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон скодта кæрон парти "Ирыстон – сæрибардзинады фæзуат"-ы архайдæн, фехъусын кодтой Sputnik тæрхондоны. Парти æрæхгæдтой, иухатт дæр æвзæрстыты хайад кæй нæ иста, уый тыххæй.

"Республикон политикон парти "Ирыстон – сæрибардзинады фæзуат" регистрацийæ фæстæмæ фондз азы мидæг иухатт дæр нæ иста хайад æвзæрстыты, уый та, политикон партиты фæдыл законмæ гæсгæ, у бындур йæ архайдæн кæрон скæнынæн", — загътой тæрхондоны.

Ведомствæйы бамбарын кодтой, цыфæнды политикон парти æмæ йæ регионалон хайадтæ æрвылаздæр кæй хъæуамæ æрбавдисой информаци, депутаттæм науæд та æндæр æвзæрстон бынæттæм раразмæгонд кандидатты нымæцы фæдыл.

"Регистрацийæ фæстæмæ, парти "Ирыстон – сæрибардзинады фæзуат" иухатт дæр никуы сæххæст кодта законы ацы домæн", — загътой тæрхондоны.

Кандидат в президенты Южной Осетии Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президенттæм экс-кандидат аразы йæ парти

Тæрхондоны уынаффæйы фæдыл хъаст ахæссын ис гæнæн УТ кассацион коллегимæ дæс боны мидæг.

"Ирыстон — Сæрибардзинады фæзуат" Хуссар Ирыстоны сарæзта 2012 азы оппозицийы раздæры лидер æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæм экс-кандидат Джиоты Алла. 2011 азы фæззæджы уый иста хайад президентон æвзæрстыты куыд оппозицион кандидат æмæ фæстаг ныммыхуыргонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæуæлахиз ис. Фæлæ Уæлдæр тæхондон хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæ нымадмæ нæ райста уагхæлдты аххосагæн. Ацы вердикт расайдта быцæудзинад, оппозицийы ныхмæлæуд хицауадимæ адарддæр ис цалдæр къуырийы.

Хицауады раивды фæстæ Джиоты Алла нысангонд æрцыд Хуссар Ирыстоны хицауады вице-премьерæй – ацы бынаты уыд 2014 азы онг. Уыцы азы уалдзæджы уый суæгъд кодта партийы лидеры æххæстбартæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0