Бастдзинады экс-министр Къӕбысты Георгийы ахӕст адарддӕр кодтой ноджы иу мӕй

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСлестгӕнӕн изолятор
Слестгӕнӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къӕбысты Георгийы ӕрцахстой зӕрдӕхсайгӕты хуызы нырма 48 сахатмӕ, кӕцытӕ аивгъуыдтой цыппӕрӕмы изӕры

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны бастдзинад ӕмӕ массон коммуникациты раздӕры министр Къӕбысты Георгийы ахӕст адарддӕр кодтой ноджы иу мӕй. Ахӕм уынаффӕ рахаста Цхинвалы горӕттаг тӕрхондон.

Къӕбысты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрцахстой бастдзинады раздӕры министр Къӕбысты Георгийы

Тӕрхондоны Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй "прокуратурӕйы ӕрмӕджыты бындурыл тӕрхонгӕнӕг рахаста уынаффӕ Къӕбысты Георгийы ахӕстоны дарын ноджы иу мӕйы дӕргъы".

Прокуратурӕйы слестгӕнӕн управленийы Sputnik бамбарын кодтой, "слестгӕнӕн мадзӕлтты цыды рӕстӕджы Къӕбысты Георгимӕ кӕй нӕй цӕуӕн".

Къӕбысы фырты хӕдзары сгарӕн мадзӕлтты хайадисджытӕй иу радзырдта Sputnik, барадхъахъхъӕнӕг органтӕ кӕй ссардай уым цалдӕр хуызы хӕцӕнгарз.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0