Хуссар Ирыстоны театр хайад райсдзæн "Сценæ æнæ арæнтæй" фестивалы

© Sputnik / Диана ВалиеваСпектакль "Хъæд"
Спектакль Хъæд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Националон театрты VIII Ӕхсæнадæмон фестиваль "Сценæ æнæ арæнтæй" ацæудзæн Цæгат Ирыстоны столицæйы

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы къуырийы дæргъы равдисдзысты националон театрты æвæрд спектакльтæ æстæм æхсæнадæмон фестиваль "Сценæ æнæ арæнтæй"-ы фæлгæтты, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады пресс-службæ.

Спектакль, РХИ драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театр бакодта сезон спектакль "Хъæд"-æй

Хайад дзы райсдзысты Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр, Таджикаг паддзахадон драмон театр, Цæцæны паддзахадон драмон театр, Лакъаг паддзахадон музыкалон-драмон театр, Тæбæхсауты Балойы Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр æмæ Паддзахадон дыгурон драмон театр.

Ацы аз мадзал нывонд у проекты бындурæвæрæг – Уæрæсе æмæ Ирыстоны зынгæ театралон архайæг, УФ адæмон артист Хуыгаты Георæн. Фестиваль райдайдзæн 20 ноябры.

Спектаклæй дарддæр ма фестивалы фæлгæтты ацæудзысты равдыст "Фестиваль "Сценæ æнæ арæнтæй"-ы историйæ", мастер-класстæ æмæ сфæлдыстадон фембæлдтæ, афтæ ма тымбыл фынг ахæм темæйыл: "Нырыккон театр – ифтонгад, хæрдзтæ, размæцыд".

Ног хабӕртты лентӕ
0