Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта ХИПУ-йы ахуыргæнджыты

© Пресс-служба президента РЮОНаграждение преподавателей ЮОГУ
Награждение преподавателей ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Церемони уыд нывонд уæлдæр ахуырадон уагдоны сырæзтыл 85 азы сæххæсты бонæн

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий дыццæджы радта уæлдæр паддзахадон хорзæхтæ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон универститеты ахуыргæнджытæн, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Церемони уыд нывонд уæлдæр ахуырадон уагдоны сырæзтыл 85 азы сæххæсты бонæн.

"Университеты раз лæууынц амбициозон хæслæвæрдтæ æмæ мæ ныфс ис, ахæм профессорон- ахуыргæнæгон скондимæ махæн кæй бантысдзæн схæцын республикæйы уæлдæр ахуырады æмвæзадыл. Ноджы дæр уын арфæ кæнын цытджын датæйы фæдыл — нæ уарзон уæлдæр ахуырадон уагдоны ныр та Кады Ордены кавалеры сырæзтыл 85 азы сæххæсты цытæн", — загъта президент хорзæхтæ дæттыны церемонийы рæстæджы.

Уый банысан кодта, ХИПУ —æй дипломджын рауагъдонтæ ма цæуой, фæлæ бæрзонд квалификацийы кусджытæ — фидæны зонады доктортæ.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент схорзæхджын кодта ХИПУ-ы ахуыргæнджыты
Награждение преподавателей ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта ХИПУ-ы ахуыргæнджыты

ХИПУ æрцыд 85 азы размæ. Уæлдæр ахуыргæнæндон æрбакодтой 1 январы 1932 азы. Уæд фæзынд агробиологион æмæ физикæ æмæ математикæйы хайадтæ.

1993 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон институт рацарæзтой университетмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0