Зассеты Жанна: Хуссар Иры культурон цард нырхӕндӕг Козаты Ушангы ацыдӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Жанна
Зассеты Жанна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мах æнæмæнгæй хъуамæ сæххæст кæнæм, нывгæнæг йæ райгуырæн бæстæйæн цæмæ бæллыд, уый, банысан кодта министр

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны культурон цард нырхӕндӕг адӕмон нывгӕнӕг Козаты Ушангы ацыдӕй адунейӕ, загъта йӕ пресс-конференцийы Sputnik республикӕйы культурӕйы министр Зассеты Жанна. 

Ирыстон майрӕмбоны фӕстаг хӕрзбон зӕгъы РХИ адӕмон нывгӕнӕг, Уӕрӕсейы ӕмӕ РЦИ-А сгуыхт нывгӕнӕг, Уӕрӕсейаг аивӕдты академийы сгуыхт академик, Уӕрӕсейаг аивӕдты академийы уӕнг-корреспондент, Уацамонгæйы ордены кавалер Козаты Ушангӕн. Уый йӕ цардӕй ахицӕн ӕртыццӕджы ӕхсӕвы Дзӕуджыхъӕуы.

Козаты Ушанг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Ушангы бавæрдзысты Дзæуджыхъæуы

Зассеты Жанна зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ацы аз сентябры Цæгат Ирыстоны уагъд кӕй цыд Уæрæсейы хуссары нывгæнджыты симпозиум "Иугонд бæстæйы националон колорит. Хуссайраг палитрæ". Симпозиумы кæронбæттæны йæ хайадисджытæ фæуазæг сты Хуссар Ирыстонмæ адæмон нвгæнæг Козаты Ушангы фæхуындмæ гæсгæ.

"Республикæйы культурон царды ацы ирд цау нырхæндæг ис нывгæнæджы æнæнхъæлæджы амæлæтæй. Козаты Ушанг бакодта стыр куыст. Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы фыццаг секретарь Николай Боровский, фонд "Арт Кавказ"-ы сæргълæууæг Николай Хлынцовимæ æмæ æндæр уазджытимæ уый сарæзта уæрæх нывæзт Аивæдты чысыл академи саразыны фæдыл. Ушанг бæллыд æрæмбырд кæнын æппæт Уæрæсейы нывгæнджыты Хуссар Иры æмæ мах хъуамæ сæххæст кæнæм йæ бæллиц", — радзырдта уый.

Культурæйы министры ныхæстæм гæсгæ, адæмон нывгæнæг ирд ахорæнтæй ахуырста цард.

"Бирæтæ фæрсынц, цы æвдыст ис Козаты Ушангы куыстыты, уый та ныв кодта цард. Фæстхæст рæстæджы пырхытæ хæдзæртты астæу, хъæзныг ахорæнтæй ныв куыстытæ дæттой адæмæн ныфс рухс фидæнмæ. Уымæн иу йæ цæстытæ сæрттывтой, куы иу дзырдта, нывгæнджытæ куыд æрæмбырд уыдзысты Хуссар Иры æмæ куыд скад кæндзысты йæ райгуырæн къуымæн. Мах хъуамæ сæххæст кæнæм нывгæнæджы фæндтæ, уый у нæ хæс", — бафтыдта уый.

Ирыстоны зындгонддæр нывгæнæг Козаты Ушанг фæзиан 29 ноябры. Ивгъуыд къуырийы кæрон Цæгат Ирыстоны Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом ис йæ юбилейон равдыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0