Гасситы Сослан нымад æрцыд 2017 азы Уæрæсейы хуыздæр æрмхæцæгыл

© Sputnik / Фатима ПлиеваГасситы Сослан
Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы иууыл тыхджындæр къухты хицауæн ацы ном лæвæрд æрцыд 2017 азы йæ ралæудты хатдзæгтæм гæсгæ

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Цхинвайлаг æрмхæцæг, дунейы фондз хатты чемпион Гасситы Сосланы УФ армрестлингы федераци банымадта 2017 азы Уæрæсейы хуыздæр спортсменыл хистæр юниорты хсæн. 2017 азы армспорты хуыздæр спортсментæн цыт кæндзысты Екатеринбурджы ног азы райдайæны Уæрæсейы фыццагады фæлгæтты.

Сослан Гассиев-чемпион Европы и Мира по армлеслингу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Сослан - Европæйы тыхджындæр армхæцæг

21-аздзыд цхинвайлаг æрмхæцæг нырма архайы фæсивæды ʻхсæн. 2018 азы мартæй уый рахиздзæн хистæр кармæ. Юниорты хсæн Сослан рамбылдта æппæт хуызы ерыстæ дæр.

"Ӕнæнхъæлæджы мын нæ уыд, цалынмæ УФ армрестлингы федераци фехъусын кодта, уæдæмæ дæр æй зыдтон, уымæн æмæ азы дæргъы райстон очкоты максималон бæрц. Фæлæ мын, уымæ æнкæсгæйæ, уæддæр æхсызгон хабар уыд", — загъта Сослан.

Уый ма банысан кодта, УФ армрестлингы федераци цы хуыздæр æрмхæцджыты рахицæн кодта, уыдон Спорты министрад кæй схорзæхджын кæндзæн ног азы.

"Екатеринбурджы 1-3 марты цæудзæн Уæрæсейы фыццагад армспортæй, уым ацæудзæн Уæрæсейы хуыздæр спортсменты хорзæх кæныны церемони", — бафтыдта уый.

Ныридæгæн Цхинвалы иууыл тыхджындæр къухты хицау цæттæ кæны йæхи Мæскуыйы чемпионатмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0