Хуссар æмæ Цæгат Ир бадзырдтой информацийы къабазы æмгуыстадыл

© Страница Марии Котаевой в соцсети facebookЦКФЗ-ы республикæты дзыллон информацион фæрæзты форум
ЦКФЗ-ы республикæты дзыллон информацион фæрæзты форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медиакъабазы кусджыты æмгуыстады нысан уыдзæн иумæйаг конференцитæ æмæ пресс-туртæ уадзыны

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны журналисттæ æруынаффæ кæндзысты националон газетты проблемæтыл æмæ æркæсдзысты сæ рейтингы рæзты фадæттæм конференцитæ æмæ пресс-турты рæстæджы, фехъусын кодта Sputnik РХИ-ы мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария.

Телеканал Осетия-Ирыстон скуыста спутникон бастдзинады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Телеканал "Осетия-Ирыстон" скуыста спутникон бастдзинады

Æмгуыстады фарстытыл дыууæ Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитетты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой ЦКФЗ-ы республикæты дзыллон информацион фæрæзты (ДИФ) форумыл, кæцы уагъд цæуы Мæхъæлы 30 ноябры – 1 декабры.

"Мах бадзырдтам æмгуыстады фæдыл Цæгат Ирыстоны мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Гæбæлаты Мæдинæимæ. Ӕмгуыстады нысан уыдзæн иумæйаг конференцитæ æмæ пресс-туртæ уадзыны. Конференцитыл, кæцытæ уагъд цæудзысты Дзæуджыхъæуы дæр æмæ Цхинвалы дæр, журналисттæ уынаффæ кæндзысты сæ рейтингы рæзты фадæттыл конференцитæ æмæ пресс-турты рæстæджы", — загъта Хъотайты Мария.

Уымæй дарддæр ма, ног азæй хуссарирыстойнаг журналисттæн уыдзæн фадат сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнын Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты бындурыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0