Фонд "Лæвар базыртæ" радта æхца рынчын сывæллонæн хоскæнынæн

© Sputnik / Наталья БосиковаФонд "Лæвар базыртæ" радта æхца рынчын сывæллонæн хоскæнынæн
Фонд Лæвар базыртæ радта æхца рынчын сывæллонæн хоскæнынæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ибрагимы уавæр домы уæлæмхас хоскæнынад, бинонтæ фæнд кæнынц ацæуын Израилы клиникæтæй иумæ

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссарирыстойнаг хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ" радта æхцайы фæрæзтæ, кæцытæ æрæмбырд кодтой ивгъуыд къуырийы концерты, уæззау рынчын лæппу Карджиаты Ибрагимы ныййарæгæн. Фонды бындурæвæрæг æмæ ныййарæджы фембæлд ацыд Цхинвалы дыккæгæм скъолайы, цы ран ахуыр кæны лæппу.

Балæвар кæн базырты хæрзаудæн концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лæвар базыртæ": Цхинвалы ацыд хæрзаудæн фонды презентаци

Фарастæмкъласон лæппу рынчын у стæм онкологон низæй. Æрдæгазон хоскæнынады фæстæ уый æрыздæхт Цхинвалмæ.

"Махæн не ʻппæтæн дæр нæ зæрдæтæ риссынц æмæ архайæм нæ бон куыд у афтæ баххуыс кæнын. Хæрзаудæн концерты цы фæрæзтæ æрæмбырд кодтам, уыдонæй уын дæттæм 60 мин сомы. Мах фæнды, цæмæйдæр ацы чысыл фæрæзтæ сымахæн феххуыс уой", — загъта Цхуырбаты Татьяна.

Лæппуйы мад Саулохты Тина бузныг загъта фонд æмæ скъолайæн се ʻххуысы фæдыл.

"Чидæриддæр нын æххуыс кæны, уыдонæн зæгъын бузныг. Бирæ хæларзæрдæ адæм нæм ис, æнæзонгæтæ дæр–иу мæм фæдзырдтой телефонæй, цæмæй базоной Ибрагимы уавæр. Мæскуыйаг клиникæмæ нæм цыдысты уым цæрæг ирæттæ, æнæзонгæ адæм æмæ æнхъардтой се ʻххуыс", — загъта Тина.

Уый ма банысан кодта, Ибрагимы уавæр кæй домы дæрддæр хос кæнын. Январы рацæудзæн ногæй сгæрст æмæ уый фæстæ фæнд кæныц Израилы клиникæтæй иумæ ацæуын. Уый тыххæй сæ бахъæудзæн 5 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0