Зианхӕссӕг унитарон куыстуӕттӕ Хуссар Иры ӕрцӕудзысты ӕхгӕд

© Пресс-служба правительства РЮО Унитарон куыстуӕтты архайд снывыл кӕныны фӕдыл ӕхсӕнведомствӕйон къамисы рабадт
Унитарон куыстуӕтты архайд снывыл кӕныны фӕдыл ӕхсӕнведомствӕйон къамисы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы хицауад фӕнд кӕны сӕхгӕнын ахӕм паддзахадон уагдӕттӕ, кӕцытӕ не ‘ххӕст кӕнынц сӕ фиддонон хӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон унитарон куыстуӕтты фылдӕр хай сты зианхӕссӕг ӕмӕ сын сырӕзт хӕстӕ республикӕйы бюджеты раз, загъта экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий унитарон куыстуӕтты финансон-хӕдзарадон архайд снывыл кӕныны фӕдыл ӕхсӕнведомствӕйон къамисы рабадты.

"Абоны бон унитарон куыстуӕттӕн фидгӕ субсидийты бӕрц у фылдӕр фиддонтӕй, кӕцытӕ уыдон фидынц паддзахадон бюджетмӕ. Ацы ӕнӕпайда экономикон уавӕр хъӕуы ӕрнывыл кӕнын. Унитарон куыстуӕттӕ хъуамӕ уой донортӕ, бюджетӕн зианхӕсджытӕ нӕ, фӕлӕ", — хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ Кокойты Геннадийы ныхӕстӕ.

Министр банхъардта рахӕссын уынаффӕ ахӕм унитарон куыстуӕтты сликвидаци кӕныны фӕдыл, кӕцытӕ уӕвынад кӕнынц ӕрмӕст гӕххӕттыл ӕмӕ не ‘ххӕст кӕнынц сӕ фиддонон хӕстӕ.

Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, кӕцыйы разамынадӕй ацыд къамисы рабадт, ӕрдомдта паддзахадон унитарон куыстуӕтты сӕргълӕуджытӕй ӕввахс рӕстӕджы ӕрбавдисын хыгъдлӕвӕрдтӕ ӕмӕ 2018 азӕн куысты нывӕзт.

Рабадты ма банысан чындӕуыд, 51 официалонӕй срегистрацигонд унитарон куыстуӕттӕй республикӕйы хицауадмӕ сӕ хыгъдлӕвӕрдтӕ бавдыстой ӕрмӕстдӕр 35.

Ног хабӕртты лентӕ
0