Президент: Хуссар Ирмæ рухс хъуамæ радтой абон

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæг æрдомдта саразын æппæт дæр, цæмæй дыццæджы адæм райсой рухс

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий электроифтонгады проблемæты фæдыл тагъдархайды æмбырды рæстæджы карзæй æрдомдта æппæт службæтæй бацархайын, цæмæй цæрджытæ райсой рухс дыццæджы, фехъусын кодтой хицауад æмæ президенты пресс-службæйы.

Хицауады дæлбар кусы координацион штаб, цы ранмæ цæуы æппæт информаци электрохаххыл аварийы фæдыл.

"Президент æмæ хицауад скъуыддзаг кæнынц республикæйы электроифтонгады проблемæ. Авари аиуварс кæныныл архайынц УУМ, МХМ æмæ фæндагон службæтæ. Ӕгас æхсæв Дзомагъы комы куыста уæззау техникæ фæндаг айгæрдыныл. Ссардæуыд радон скъуыд электрохахх", — хъусын кæны хицауады сæрдар Пухаты Эрикы ныхæстæ пресс-службæ.

Пресс-службæйы информацимæ гæсгæ, бынаты скъуыддзаг цæуынц цæрджыты фыццаградон фарстытæ – абон райсдзысты дон хуымæтæг гуырахсты, республикæйы разамынад та бацархайдзæн,цæмæй боны кæронмæ арæзт æрцæуа электроифтонгад.

Мид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент ацыд электрохызæджы аварийы бынатмæ

УУМ-ы тагъд архайды пунктæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Транскамы цæггаттаг хайы фæндаг расыгъдæг кæныны куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Автомагистралы фæндагон змæлд скусдзæн фæссихорты.

Республикæ цыппæрæм бон у æнæ рухсæй. Электрохаххыл аваритæ æрцыдысты сабаты къæвда æмæ хуылыдз митуардты аххосæй.

Кусджытæ ссардтой фондз авари, цыппар дзы иуварс æрцыдысты, ныридæгæн архайынц фæндзæмыл, кæцы у зынвадат бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0