Парламенты депутаты схорзæхджын кодта Абхазы президент

© Sputnik / Natalia AiriyanАмиран Дьяконов
Амиран Дьяконов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Диакъонты Амираны схорзæх кæныны фæдыл барамынд бафыста Абхазы президент Рауль Хаджимба

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik, Гæбæраты Ян. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Диакъонты Амираны схорзæхджын кодтой майдан "За отвагу"-йæ, Абхазы 1992-1993 æзты Фыдыбæстон хæсты рæстæджы йæ хъайтарддзинады тыххæй.

Дьяконты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мидхъуыддæгты министрад сарæзта комментарий Дьяконты Амиран æмæ МСНК-ы æхсæн инцидентæн

Парламентарийæн хорзæх радта Абхазы минæвар Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан. Минæвар банысан кодта, Амиран стыр хайбавæрд бахаста æфсымæрон абхазаг адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны аргессийы ныхмæ тохы

"Фæнды мæ банысан кæнын, ахæм хорзæхтæ райстой Хуссар Ирыстоны æппæт бархи æфсæддонтæ", — загъта минæвар.

Хуссар Ирыстонæй бархи æфсæддонтæ активонæй архайдтой 1992-93 æзты Абхазы Фыдыбæстон хæсты

Ног хабӕртты лентӕ
0