Хуссар Ирыстоны цæрæн вагоны ссардтой сылгоймаджы мард буар

© Sputnik / Наталья АйриянГуфта
Гуфта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ не ссардтой буарыл тыхмарды миниуджытæ

ЦХИНВАЛ 9 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ссардæуыд Сацхены хъæуы 26-аздзыд сылгоймаджы мард буар, хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.

Ведомствæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сылгоймаджы ссардтой 3 январы цæрæн вагоны, буарыл нæ уыд тыхмарды миниуджытæ.

"Факты фæдыл æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты Цхинвалы районы прокуратурæмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

МХМ-ы куыд банысан кодтой, афтæмæй æдæппæт ногазон улæфтыты рæстæджы республикæйы срегистраци кодтой иу фыдракæнд, кæцы раргом æрцыд, æмæ авд цауы.

Афтæ, 2 январы милицийы кусджытæ Дзауы поселочы æрурæдтой поселочы цæрæджы BMW маркæ автомашинæйыл. Басгæрсты рæстæджы шофырмæ ссардæуыд æмæ байст æрцыд республикæйы тобæгонд препарат "Лирика"-йы капсулæтæ, афтæ ма тыхтон гæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0