Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр уыдзысты сывӕллӕтты фиддонтӕ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны гуырӕн хӕдзар
Хуссар Ирыстоны гуырӕн хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног барамынд райст ӕрцӕудзӕн хицауады рабадтыл ацы мӕй

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 10 мин сомы онг схиздзысты иурӕстӕгон фиддонтӕ сывӕллон райгуырыны рӕстӕджы, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады юридикон хайы хистӕр Багаты Алла.

Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иурæстæгон фиддонты фарстыл æруынаффæ кæндзысты æхсæнхицауадон къамисыл

Уый бахахх кодта, фиддонты фӕфылдӕр кӕй хауы, 1 январӕй фӕстӕмӕ цы сывӕллӕттӕ райгуырдысты, ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ.

Уымӕй дарддӕр ма, Багаты Аллайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2018 азӕй фӕстӕмӕ ма дӕттын райдайдзысты дыккаг ӕмӕ уымӕй фылдӕр сывӕллӕттӕн фиддонтӕ (афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы онг).

"Иурӕстӕгон фиддонты бӕрц 5 мин сомӕй схиздзӕн 10 мин сомы онг 1 январӕй. Уымӕй дарддӕр ма, кӕд раздӕр фиддонтӕ дӕттой ӕрмӕст ӕртыккаг ӕмӕ уымӕй фылдӕр сывӕллӕттӕн, уӕд нырӕй фӕстӕмӕ та фиддонтӕ дӕтдзысты дыккаг сывӕллоны тыххӕй дӕр. Ӕрвылмӕйон фиддон иу сабийӕн баззад раздӕрау 200 сомы", — банысан кодта Багаты Алла.

Уый банысан кодта, ацы барамындты проекттӕ ныридӕгӕн кӕй арвыстой хицауады ӕркастмӕ ӕмӕ фидар кӕй ӕрцӕудзысты радон рабадтыл ацы мӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0