Хуссар Ирыстоны депутаттæн нал уыдзæн бар кусын æндæр бынæтты

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмбæлон барастгæнинæгтæ республикæйы уæлдæр законмæ бахастой 2015 азы, фæлæ сæ тыхы бацæудзысты ныр

ЦХИНВАЛ, 12 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ рахиздзысты куысты иудадзыг профессионалон бындурмæ æмæ сын нæ уыдзæн гæнæн æмрæстæджы æндæр бынæтты кусын, фехъусын кодта парламенты спикер Гасситы Петр. Уый тыххæй хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

Ӕмбæлон барастгæнинæгтæ бахаст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ 2015 азы, банысан кодта Гасситы Петр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2017 азы кæрон паддзахады сæргълæууæг бафыста конституцион закон æмæ 2018 азы 1 январæй парламент рахызт куысты профессионалон бындурмæ.

Хуссар Ирыстоны Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламент 1 январæй суыдзæн профессионалон

"Уæ зæрдыл уын лæууын кæнын, процесс кæй ныддаргъ ис. Ацы хъæппæрис райыдта парти "Иугонд Ирыстон"-æй, кæцы 2015 азы рахаста ацы фарст парламенты сессийы æркастмæ. Ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъуыд хъæлæсты 3/4 хайы, уынаффæты фæстиуджытæм гæсгæ, депутатты фылдæр хай схъæлæс кодта профессионалон парламентæн, уый фæстæ конституцион закон æрвыст æрцыд президентмæ къухфысты æмæ ныммыхуыры тыххæй. Хъыгагæн, уæд парламент не ссис профессионалон, уымæн æмæ раздæры къухдариуæгад уый нæ банымадта æнæмæнгхъæуындзинадыл. Уый та уыд Конституцийы фехæлд", — загъта спикер.

Гасситы Петр куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ парламенты ис фæлдзæуæн рæстæг, кæцы фæуыдзæн иннæ мæйы райдианы.

"Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ депутаттæй бирæтæ парламентæй дарддæр куыстой æндæр бынæтты, зæгъæм, æххæстгæнæн хицауады. Йæ рæстæджы уый æркодта уымæ, æмæ депутаттыл уыд æндæвдад æххæстгæнæн органты æрдыгæй бæлвырд уынаффæтæ исыны рæстæджы", — бахахх кодта спикер.

Гасситы Петр ма аздæхта хъусдард, депутаттæй бирæтæ ма æндæр бынæтты куысты аххосæг кодтой уый æмæ депутаты мызд кæй уыд æрмæстдæр 4350 сомы.

Абоны бон, йæ ныхæстæм гæсгæ, депутатты фылдæр хай аскъуыддзаг кодта, баззайдзæн кусын парламенты æви ацæудзæн æмæ фыццаг сессийыл арæзт æрцæудзæн депутатон корпусы æлхынцъон сконд.

Уый ма бафтыдта, депутаты профессионалон архайдимæ иумæ ма ис кæнын æрмæстдæр сфæлдыстадон, зонадон æмæ ахуыргæнæн архайд.

Ног хабӕртты лентӕ
0