Хуссар Иры ПӔК-ы радзырдтой, куыд бафхæрдтой арæнсæтджыты 2017 азы

© Sputnik / Наталья АйриянАрæн
Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнсæтджыты фылдæр хай æрцыд иваргонд, аннæты та феддæдуар кодтой Хуссар Ирыстонæй

ЦХИНВАЛ, 19 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд азы æрурæдтой 500-йæ фылдæр арæнсæттæджы, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службæ.

Паддзахадон арæн хъахъхъæнынц ПӔК-ы Арæнгæрон службæ æмæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы ӔФС-ы Арæнгæрон управлени.

"2017 азы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджытæ æндæр структурæтимæ æрцахстой 514 арæнсæттæджы паддзахадон арæн хъахъхъæныны къабазы. 2016 азы ацы цифрæ уыд 11% къаддæр. Фæткхалджыты нымæцæй 303 ахст æрцыдысты паддзахадон арæн фехалыны тыххæй, 211 та – арæнгæрон режим фехалыны тыххæй", — радзырдтой ПӔК-ы.

Фæткхалджыты фылдæр хай – 359 адæймаджы – баййæфтой административон ивар, сæдæйæ фылдæры феддæдуар кодтой ивар бафидыны фæстæ. Уый фæстиуæгæн, къазнамæ бацыд 827 мин сомы.

Служба на пограничной заставе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстойнаг сылгоймӕгтӕ фехæлдтой арæн "хуыздæр цардагур" Хуссар Иры

"Афтæ ма, Паддзахадон таможнæйон комитеты арæнгæрон органты æрмæджытæм гæсгæ, 18 хъуыддаджы фæдыл байст æрцыд 102 925 сомы, баконд æрцыд дыууæ уголовон хъуыддаджы дыууæ адæймаджы ныхмæ æмæ дыууæ адæймаджы ныхмæ та уголовон хъуыддæгтæ æрвыст æрцыдысты слестгæнæн органтæм. Ивартæ нæ фидыны тыххæй юстицийы министрады тæрхондонон приставты службæмæ æрвыст æрцыдысты 28 адæймаджы ныхмæ барамынды копитæ, цæй фæстиуæгæн 44 500 бацыд къазнамæ", — банысан кодтой ведомствæйы.

ПӔК-ы бацамыдтой, "кæй хъæуы æххæст кæнын сфидаргонд барадон режим, паддзахадон арæныл æмæ арæнгæрон зонæйы инциденттæ ма ′руадзыны тыххæй".

Ног хабӕртты лентӕ
0