Хуссар Иры УУМ райста ног кусджыты пенсийы чи ацыд, уыдон бынатмæ

© Пресс-служба МЧС РЮОПостроение сотрудников МЧС РЮО
Построение сотрудников МЧС РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пенсийы цы кусджытæ ацыдысты, уыдон иууылдæр исдзысты УУМ-ы мыздæй фылдæр пенси, банысан кодтой ведомствæйы

ЦХИНВАЛ, 24 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы райстой ног кусджыты – кусынмæ бацæуын цы дыууæ сæдæ адæймаджы фæндыд, уыдонæй куыстæй ифтонг æрцыдысты 84 адæймаджы, фехъусын кодтой министрады пресс-службæйы. 

Суæгъдгонд бынæтты цы кусджытæ куыстой, уыдон ацыдысты пенсийы. Ведомствæйы дзырд радтой, пенсийы чи ацыд, уыдон æрвылмæй кæй исдзысты 17 минæй 27 мин сомы онг пенси, уый та у УУМ-ы мыздæй фылдæр.

"Кæцыдæр кусджытæ фæкуыстой УУМ-ы 30 азæй фылдæр. Махæн нæ бон не ссис уыдон æмбæстагон пенсийы арвитын, кæцы у æрмæстдæр 7 мин сомы", — хъусын кæны министрТадтаты Аланы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

МЧС РЮО 9 лет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ-ы кусджытæ исдзысты уæрæсейаг пенситæ

Пенситæ аразыны рæстæджы, кусджытæн нымадмæ истой сæ куысты стаж, куыд уæлвæткон ведомствæйы, афтæ сыгъдхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хæйтты æмæ æндæр тыхон структурæты, цы ран уыдон куыстой 2008 азы онг.

Пресс-службæйы банысан кодтой, ныртæккæ УУМ иууылдæр æххæст кæй у штаттæй, ног кусджытæм та æнхъæлмæ кæцы фæлварæн рæстæг. Ӕртæ мæйы мидæг уыдон райсдзысты теоретикон зонындзинæдтæ æмæ рацæудзысты практикæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0