Думæ сратификаци кодта хъахъхъæнынадон сразыдзинад Хуссар Ирыстонимæ

© Sputnik / Наталья АйриянПарад
Парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сразыдзинад бафыст æрцыд 31 марты, æмæ уаг дæтты Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хицæн хæйтты бацыдæн УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ

ЦХИНВАЛ, 24 янв— Sputnik. Уӕрӕсейы Федерациимæ сразыдзинад РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды тыххæй æртыццæджы сратификаци кодта УФ-йы Паддзахадон Думæ, хъусын кæны РИА Новости.

Хуссар Иры гарзджын тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сратификаци кодтой се 'фсады бацыд УФ Гарзджын тыхты скондмæ

Документ бафыст æрцыд 2017 азы 31 марты, декабры йæ УФ-йы президент Владимир Путин бахаста ратификацимæ Паддзахадон Думæмæ.

Нысангонд цæуы, хуссарирыстойнаг дæлхайæдты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ бацыды бын æмбарын кæй хъæуы уый æмæ ацы республикæйы æмбæстæгтæ службæ кæй хæсдзысты Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг 4-æм гвердейон æфсæддон базæйы сконды контрактмæ гæсгæ, барвæндонон бындурыл.

Уæрæсейаг æфсады рæнхъыты службæ хæссыны фæдыл контракт бафыссыны фæстæ, хуссарирыстойнаг æмбæстаг хъуамæ уæгъд æрцæуа республикон Гарзджын тыхты æффсæддон службæйæ.

Хуссарирыстойнаг фарс хъуамæ бакуса штатон-табелон документаци саразыныл, кæцы æрæмдзых цæудзæн уæрæсейаг фарсимæ æмæ уый фæстæ æрцæудзæн фидаргонд. Хуссар Ирыстоны æфсады ног организацион структурæмæ рахызт фæуыдзæн республикæйы Гарзджын тыхты сæйраг командæгæнæг æмбæлон документаци куы сфидар кæна, уый фæстæ æхсæз мæйы мидæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0