Хуссар Иры радзырдтой УФ-имæ æфсæддон сразыдзинады реализацийы æмгъуыды тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянПолигоны
Полигоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон Думæ æртыццæджы сратификаци кодта Уӕрӕсейы Федерациимæ сразыдзинад РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 25 янв— Sputnik. Уӕрӕсейы Федерациимæ сразыдзинад РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды тыххæй хъуамæ æрцæуа реализацигонд фараст мæймæ, загътой Sputnik Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

Сразыдзинад æртыццæджы сратификаци кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæ. Документ бафыст æрцыд 2017 азы 31 марты, декабры йæ УФ-йы президент Владимир Путин бахаста ратификацимæ Паддзахадон Думæмæ.

Парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Думæ сратификаци кодта хъахъхъæнынадон сразыдзинад Хуссар Ирыстонимæ

"Ратификацион грамотæтæ кæрæдзимæ раттыны фæстæ, æртæ мæймæ мах хъуамæ бацæттæ кæнæм Хъахъхъæнынады министрады хицæн далхæйæдты 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы скондмæ бацыды фæдыл фарстытæ. Ноджы ма æхсæз мæйы та бахъæудзæн сразыдзинады алы пункты реализацийæн", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Уæрæсейы Гарзджын тыхты рæнхъыты службæ кæнын кæй фæнды, уыдонæн æнæмæнгæй хъуамæ уа уæрæсейаг æмбæстагад. Контрактмæ гæсгæ чи хæсдзæн службæ, уыдон хъуамæ рацæуой æрсидтмæ гæсгæ æфсæддон службæ хуссарирыстойнаг Гарзджын тыхты сконды, хъуамæ лæууой Цæгат Ирыстоны æфсæддон коммисариатты æфсæддон хыгъдыл æмæ рацæуой равзæрст æфсæддон службæмæ уæрæсейаг закæтты домæнтæм гæсгæ.

Хъахъхъæнынады министрады ма банысан кодтой, сразыдзинадмæ гæсгæ ма кæй фæхуыздæр уыдзæн ведомствæйы материалон-техникон базæ, арæзт æрцæудзысты казармæтæ æрсиддонтæн æмæ административон бæстыхай, фæфылдæр уыдзæн Хуссар Ирыстоны æфсæддон службæгæнджыты мызд.

Ног хабӕртты лентӕ
0