Генпрокуратурæйы радзырдтой Цхинвалы цæрæджы амарыны тыххæй

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæГенпрокуратурæйы радзырдтой Цхинвалы цæрæджы амарыны тыххæй
Генпрокуратурæйы радзырдтой Цхинвалы цæрæджы амарыны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Марыны хъуыддаджы азымгонды æрцахстой уайтагъддæр

ЦХИНВАЛ, 30 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æрцахстой Цхинвалы цæрæджы амарынмæ зæрдæ цы æмбæстагмæ æхсайы, уый, фехъусын кодтой Генералон прокуратурæйы.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ссардтой æвзонг нæлгоймаджы мард буар

33-аздзыд Къодоты Вадимы ссардтой мардæй йæ сæр хæцæнгарзæй æхстимæ Дзауы районы хуыцаубоны. Районон прокуратурæ ацы факты фæдыл бакодта уголовон хъуыддаг.

"Уайтагъддæр ахст æрцыд Дзауы районы Мугуты хъæуы цæрæг Гаглойты Владислав Теймуры фырт. Йемæ уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ", — загътой Генералон прокуратурæйы.

Ныртæккæ Гаглойты Владислав дæтты æвдисæндзырдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0