Федсоветы сразы уыдзысты Хуссар Иры æмбæстæгты райстыл уæрæсейаг æфсадмæ

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæУФ Федерацийы Совет
УФ Федерацийы Совет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сенатортæ æркæсдзысты документмæ æртыццæджы, 31 январы

ЦХИНВАЛ, 29 янв— Sputnik. Федерацийы Советы æхсæнадæмон комитет радта рекомендаци палатæйæн РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды тыххæй сразыдзинад сратификаци кæнын, хъусын кæны РИА Новости.

Полигоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры радзырдтой УФ-имæ æфсæддон сразыдзинады реализацийы æмгъуыды тыххæй

Ивгъуыд азы кæрон УФ-йы президент Владимир Путин барвыста Паддзахадон Думæмæ РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды тыххæй сразыдзинад, кæцы бафыст æрцыд 31 марты. 24 январы документ сратификаци кодта уæрæсейаг закондæттæн органы быннаг палатæ.

Ӕртыццæджы сразыдзинадмæ æркæсдзысты Федерацийы Советы.

Нысангонд цæуы, хуссарирыстойнаг дæлхайæдты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ бацыды бын æмбарын кæй хъæуы уый æмæ ацы республикæйы æмбæстæгтæ службæ кæй хæсдзысты Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг 4-æм гвердейон æфсæддон базæйы сконды контрактмæ гæсгæ, барвæндонон бындурыл.

Уæрæсейаг æфсады рæнхъыты службæ хæссыны фæдыл контракт бафыссыны фæстæ, хуссарирыстойнаг æмбæстаг хъуамæ уæгъд æрцæуа республикон Гарзджын тыхты æффсæддон службæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0