Цхинвалы цæрæджы марæг ма басаст ноджы давдыл дæр

© Sputnik / Михаил ХасиевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрцахстуæвæг басаст 200 мин сом æмæ сыгъзæринты давдыл

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Цхинвалы цæрæджы амарыны хъуыддаджы цы æмбæстаджы азым кæнынц, уый ма басаст Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Урсдуры хъæуы цæрæг сылгоймаджы хæдзарæй кæй адавта æхцатæ æмæ сыгъзæринтæ, хъусын кæны рсепубликæйы МХМ-ы пресс-службæ. 

МХМ-ы кусджытӕ цалдæр боны размæ ӕрцахстой Дзауы районы Мугуты хъæуы 34-аздзыд цæрæг Гаглойты Владиславы, кӕцы басаст 33-аздзыд цхинвайлаг Къодоты Вадимы лæгмардыл.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæдæвзард сбæлвырд кодта Хуссар Ирыстоны цæрæджы амарыны мотив

Къодоты Вадимы буар ссардӕуыд хуыцаубоны изӕры йӕ машинӕйы мидӕг. Лӕппуйӕн ӕхст уыд йӕ сӕр.

"Уголовон агуырды управленийы кусджытæ сбæрæг кодтой, Цхинвалы цæрæджы марæг ма кæй у аххосджын æхцайы фæрæзтæ æмæ сыгъзæрин фæлындæнты давды", — банысан кодтой МХМ-ы.

Ведомствæйы банысан кодтой, амæй размæ Урсдуры хъæуы цæрæг сылгоймаг кæй фехъусын кодта, йæ хæдзарæй йын кæй адавтой 210 мин сомы æхца æмæ сыгъзæринтæ.

Азымгонды хæстæджы хæдзар басгæрсты рæстæджы, оперативон кусджытæ ссардтой давд æхцатæ æмæ фæлындæнтæ, кæцытæ бацамыдта азымгонд йæхæдæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0