Транскамы фæндагон змæлд æрæхгæдтой æвзæр боныгъæды тыххæй

Рафыссын
Фæндаг æхгæд у райсом 4.00 сахатæй сæрмагонд барамындмæ

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Транскавказы автомагистраль æхгæд æрцыд сæрмагонд барамындмæ æвзæр боныгъæды аххосæй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.

"Стыр митуард æмæ зæйтæ рацæуыны тасæй Транскавказы автомагистралы фæндагон змæлд у тобæгонд транспорты æппæт хуызтæн сæрмагонд барамынды онг райсом 4.00 сахатæй фæстæмæ", — банысан кодтой уагдоны.

Транскавказы магистраль цæуы хæххон бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцыйыл ацæуæн ис Уæрæсемæ Хуссар Ирыстонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0