Хуссар Иры парламенты æркастысты ног тæрхонгæнджыты кандидатурæтæм

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент, Цхинвал
Парламент, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутатты æркастмæ кандидатурæтæ æрбавдыста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитет æркаст Хуссар Ирыстоны президенты уынаффæтæм цалдæр архайгæ тæрхонгæнджыты сæ бынæттæй ссæрибар кæныны æмæ ног тæрхонгæнджыты снысан кæныны фæдыл, хъусын кæны парламенты пресс-службæ.

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзæрстой Арбитражон тæрхондоны сæрдары

Комитеты сæргълæууæг Тедеты Нонна базонгæ кодта коллегæты президенты уынаффæтимæ уæлдæр арбитражон тæрхондоны тæрхонгæнæг Хъуылымбегты Азауы йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл, Джиоты Виталийы та – Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы хæдивæджы бынатæй. Афтæ ма паддзахады сæргълæууæг барвыста парламентмæ уынаффæ, Ленингойраг районон тæрхондоны тæрхонгæнæджы бынатæй Болататы Георгийы ссæрибар кæныны фæдыл, йæ æххæстбарты æмгъуыд кæй фæцис, уый тыххæй.

Рабадты хайадисджытæ ма æркастысты Уæлдæр тæрхондоны сæрысæйраг скондмæ аст тæрхонгæнæджы кандидатурæмæ. Кандидатурæтæ иууылдæр срекомендаци кодта Тæрхонгæнджыты квалификацион коллеги.

Комитеты сæргълæууæг ма рахаста уынаффæмæ Уæлдæр тæрхондоны фæдыл конституцион законы проект.

"Ӕххæстбарты регламентацийы тыххæй, Уæлдæр тæхондоны сырæзты æмæ архайды уагæвæрды нысанæн Конституцийы 84-æм статьямæ гæсгæ хъæуы райсын хицæн конституцион закон, цы ран æвдыст уыдзысты УТ-ы архайды организацийы нысаниуæгджын фарстытæ иууылдæр, кæцытæ домынц закондæттæн æрнывыл кæнынад. Ацы уавæртæм гæсгæ, бацæттæгонд æрцыд банхъаргæ законыпроект", — загъта Тедеты Нонна.

Рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кодтой Уæлдæр тæрхондоны цур тæрхондонон департаменты фæдыл законмæ барастгæнинæгтыл, районон (горæттаг) тæрхондæтты тæрхонгæнджыты нымæц снысан кæнын фæдыл законы проектыл, Уæлдæр тæрхондоны аппараты кусджыты нымæц снысан кæнын фæдыл уынаффæйы проектыл æмæ Арбитражон тæрхондон æмæ районон (горæттаг) тæрхондæтты кусджыты нымæц снысан кæнын фæдыл уынаффæйы проектыл.

Комитеты рабадтыл æруынаффæгонд проекттæ рахаст æрцæудзысты парламенты президиумы рабадтмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0