Хуссар Иры МСНК нысан кæны бындурæвæрдыл 26 азы сæххæсты бон

© Пресс-служба президента РЮО Къорды кусджытæн раарфæ кодтой президент æмæ МХМ-йы сæргълæууæг
Къорды кусджытæн раарфæ кодтой президент æмæ МХМ-йы сæргълæууæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къорды кусджытæн раарфæ кодтой президент æмæ МХМ-йы сæргълæууæг

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) сырæзт ссис сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл Хуссар Ирыстоны адæмы тохы историйы ирддæр фарсытæй иу, загъта МХМ-ы сæргълæууæг Наниты Игорь МСНК-ыл 26 азы сæххæсты цытæн хисæрмагонд сконды цытджын ралæуды рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны МСНК арæзт æрцыд 1992 азы 14 февралы — республикæйы нырыккон историйы иууыл уæззаудæр рæстæджы.

"Ӕппæт ацы рæстæг МСНК-ы кусджытæ цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ тæссаг куыст", — загъта министр.

Уый баххах кодта, МСНК-ы кусджытæ фыццаг кæй растадысты Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы, хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинад равдисгæйæ.

Хуссар Иры МСНК-ы кусджытæ равдыстой сæ арæхстдзинад æмбуар хæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МСНК-ы кусджытæ равдыстой сæ арæхстдзинад æмбуар хæстæй

"Гуырдзиаг агрессийы æфсæддон архæйдтыты рæстæджы къорды кусджытæй бирæтæ æрхастой сæ удтæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты сæрыл. Уыдон нымæцы ис къорды фыццаг командир, МСНК-ы бындурæвæрæг – Гæззаты Вадим, афтæ ма Сиукъаты Таймураз, Санахъоты Гришик, Гæбæраты Станислав, Дзабиты Геннадий, Гуыбаты Зураб, Михайленко Саша, Тедеты Таймураз, Зæгъойты Анатолий æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон нæмттæ æнустæм сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты Хуссар Ирыстоны историйы æмæ баззайдзысты адæмы зæрдæйы, куыд æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинады эталон", — загъта Наниты Игорь.

Президент Бибылты Анатолий дæр раарфæ кодта къорды кусджытæн цытджын бæрæгбоны цытæн æмæ æрсидт, цæмæй сæрибардзинады сæрвæлтау фæмардуæвæг лæппуты нæмттæ макуы æрцæуой рох.

"Хъыгагæн, сæрибардзинады сæрыл тохы рæстæджы адунейе ацыдысты МСНК-ы иууыл хуыздæр кусджытæ", — загъта президент.

Паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта, бæстæйы къухдариуæгад кæй араздзæн æппæт дæр, цæмæй фæхуыздæр уа къорды материалон-техникон базæ.

Сæхи уæлдай хуыздæр чи равдыста, уыцы кусджытæн президент радта паддзахадон хорзæхтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0