ПӔК: Хуссар Ирыстоны æрцахстой Уæрæсейы æмбæстæгты

© Sputnik / Наталья АйриянАрæн
Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрцахстуæвджытæй иуы ныхмæ бакондæуыд уголовон хъуыддаг

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik, Козаты Диана. Дыууæ уæрæсейаг æмбæстаджы арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны режим фехалын бафæлварыны рæстæджы, фехъусын кодтой Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæйы.

Инцидент æрцыд хуыцаубоны, Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæны фадыгыл Цхинвалы районы Присы хъæумæ æввахс.

"Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Уæрæсейы æмбæстæгты – Карелы районы Земо-Хведуреты гуырд 29-аздзыд Квижинадзе Джони Кобайы фырты æмæ Пермы областы горæт Березникийы гуырд 32-аздзыд Фистина Эльвира Николайы чызджы", — бамбарын кодта ведомствæйы минæвар.

Хуссар Ирыстоны арæн Гуырдзыстонимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстоны æмбæстаджы æрцахстой Цхинвалы арæн фехалыны тыххæй

Равзæрст сбæлвырд кодта, Фистинайы ныхмæ горæт Пермы Слестгæнæн управлени кæй бакодта уголовон хъуыддаг "хи бакæнын кæнæ паплой" статьяйы фæдыл.

"Куыд рабæрæг, афтæмæй Квижинадзейы æххуысæй уый хъавыд уголовон бæрнæй йæхи бааууон кæнын Гуырдзыстоны, Хуссар Ирыстоны территорийæ куыд транзитонæй спайда кæнгæйæ", — загътой ПӔК-ы.

Ӕрцахстуæвджытыл ПӔК-ы Арæнгæрон службæ сæвæрдта административон бæрндзинад æмæ ивар бафидыны фæстæ уыдон лæвæрд æрцыдысты Уæрæсейы МХМ-ы кусджыты къухтæм уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы".

Ног хабӕртты лентӕ
0