Хуссар Иры парламенты президиум хорзыл банымадта ног тæрхонгæнджыты кандидатурæты

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия Цхинвал
Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кандидатурæты депутатты æркастмæ æрбавдыста Хуссар Ирыстоны президент

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум хорзыл банымадта Уæлдæр тæрхондоны аст тæрхонгæнæджы кандидатурæты. Фарстмæ æркастысты президиумы рабадтыл цыппæрæмы.

Парламент, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты æркастысты ног тæрхонгæнджыты кандидатурæтæм

Амæй размæ парламентмæ æрвыст æрцыдысты РХИ президент Бибылты Анатолийы уынаффæтæ Уæлдæр тæрхондоны сæрысæйраг сконды тæрхонгæнджыты снысан кæныны фæдыл. Кандидатурæтæ иууылдæр срекомендаци кодта Тæрхонгæнджыты квалификацион коллеги.

Тæрхонгæнджыты бынæттæм ис Бязырты Лариса, Гæджиты Нана, Джиголаты Альберт, Тъехты Дмитрий, Мæргъиты Ирина, Цхуырбаты Карина, Хацырты Виолета æмæ Джиоты Зæринæйы кандидатурæтæ.

Уымæй дарддæр ма, президиумы уæнгтæ сразы сты президенты уынаффæтимæ уæлдæр арбитражон тæрхондоны тæрхонгæнæг Хъуылымбегты Азауы йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл, Джиоты Виталийы та – Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы хæдивæджы бынатæй. Афтæ ма Ленингойраг районон тæрхондоны тæрхонгæнæджы бынатæй Болататы Георгийы ссæрибар кæныны фæдыл, йæ æххæстбарты æмгъуыд кæй фæцис, уый тыххæй.

Ацы фарстты фæдыл æлхынцъон уынаффæ райст æрцæудзæн депутатон корпусы радон сессийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0